Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты (ХИПУ) ирон филологи æмæ РАПМ-ы факультеты фæлгæтты архайын райдыдта Хетæгкаты Къостайы номыл «Дзурæм иронау», зæгъгæ, ахæм къорд.
Къорды къухдариуæггæнæг у ХИПУ-ы профессор, ирон литературæйы историйы кафедрæйы гæс Плиты Гацыр. Хайад дзы райстой ирон, ирон-уырыссаг, журналистикæйы æмæ психологийы дæсныйæдты студенттæ.
Мадзалмæ хуынд æрцыдысты ирон филологи æмæ ПМНО-ы ахуыргæнджытæ, уыдон нымæцы ирон филологи æмæ ПМНО-йы деканы хæдивæг Зæгъойты Залинæ, ирон литературæйы историйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Плиты Серго æмæ æндæртæ.
«Дурæм иронау»-ы фыццаг рабатт уагъд æрцыд знон,28 марты.
Дыгъуызты Жаннæ
журналистикæйы кафедрæйы 3 курсы студенткæ