«Фыдыбæстæ, æвзаг, æгъдау æмæ фарн. Худинаджы бæсты - мæлæт!» Ю.С. Гаглойти

Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет
Юго-осетинский государственный университет им. А.А. Тибилова
South Ossetian State University named after A.A. Tibilov

25.01.2023

«Россотрудничество»-йы лæвар

Хуссар Ирыстоны «Россотрудничество»-йы минæварад Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон университеты чингуыты фондæн балæвар кодта авд мин чиныджы бæрц.
Бæрæгбоны фæдыл «Россотрудничество»-йы сæргълæууæг Сергей Скворцов раарфæ кодта студенттæн се ’ппæтæн дæр.

«Тынг æхсызгон мын у, „Ахуырады рæзты“ программæйы фæлгæтты абон Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетæн ах-уыргæнæн литературæ кæй радтам, уый», — загъта Сергей Скворцов.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, литературæ æрмæст студенттæн нæу, фæлæ уæлдæр ахуыргæнæндоны ахуыргæнджытæн дæр. «Чингуыты æхсæн ссарæн ис уырыссаг æвзаджы кафедрæ æмæ библиотекæтæн æппæт хъæуæг литературæ. Уæрæсейы Ахуырады министрад æмæ минæварады номæй райзæрдæйæ лæвар кæнын ацы чингуытæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетæн. Ныфс мæ ис стыр пайда уын кæй фæуыдзысты«,- загъта «Россотрудничество»-йы сæргълæууæг.

Ректор Тедеты Вадимы, стæй университеты ахуыргæнджытæ æмæ студентты номæй бузныджы ныхæстæ загъта зонадон куысты фæдыл университеты проректор Гаглойты Ланæ.

«Мæнмæ афтæ кæсы æмæ ацы лæвар стыр æххуыс фæуыдзæн нæ ахуыргæнджытæ æмæ студентты ахуырадон-методикон æмæ зонадон-иртасæн куысты. Ацы литературæ уæлдай тынгдæр фæахъаз уыдзæн уырыссаг литературæйы кафедрæйæн. Стыр бузныг уын», — загъта Гаглойты Ланæ.

Йæ рады проректор «Россотрудничество»-йæн балæвар кодта студентон клуб «Аполлон»-ы юбилейон рауагъды журнал æмæ ХИПУ-йы 90 азы цытæн уагъд брошюрæ.

Университеты библиотекæйы сæргълæууæг Цхуырбаты Фатимæ дæр банысан кодта, зæгъгæ, уый у стыр æххуыс студенттæ æмæ ахуыргæнджытæн æмæ бузныг загъта ми-нæварады кусджытæн сæ лæвары тыххæй.

«Россотрудничество»-йы сæргълæууæг радзырдта, зæгъгæ, ивд æрцыд литературæ ласыны формæ.

«Раздæр мах истам чингуыты комплекттæ æмæ-иу сæ уый фæстæ адих кодтам ведомствотыл. Ацы аз мах развæлгъау арвыстам республикæйæн хъæугæ литературæйы номхыгъд. Ныфс мæ ис, дарддæр дæр ахæм куысты формæ кæй баззайдзæн, уымæй», — загъта Сергей Скворцов.

Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон программæ «Ахуырады рæзт»-ы фæлгæтты æрæджы лæвæрттæ райста нæ республикæйы Культурæйы министрад. Уыдонæн та лæвæрд æрцыд цыппар мин чиныджы. Сергей Скворцовы ныхæстæм гæсгæ тагъд рæстæджы Ахуырады министрадæн дæр ратдзысты 20 мин ахуыргæнæн чиныджы онг.

https://xurzarin.ru/rossotrudnichestvo-jy-laevar/
Короткая ссылка на новость: http://xipu.ru/~Pc8A0