«Фыдыбæстæ, æвзаг, æгъдау æмæ фарн. Худинаджы бæсты - мæлæт!» Ю.С. Гаглойти

Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет
Юго-осетинский государственный университет им. А.А. Тибилова
South Ossetian State University named after A.A. Tibilov

19.05.2023

«Музейты æхсæв» университеты

Гаглойты Алан университеты музейон комплексы зоологион хайады фæхъæздыгдæр кодта ног экспонат – кавказаг тарбур арсы быдыргъæй.

Бирæ музейтæ нæм нæй, фæлæ æхсæнадæмон æрвылазон акци «Музейты æхсæв»-мæ 18-æм майы æрбаиу сты Галаты Барисы хæдзар-музей æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты музей сæрмагонд программæтимæ. Хуссар Ирыстоны Национ музейæн ацы аз юбилейон кæй у, уымæ гæсгæ сæхи цæттæ кæнынц сæ бæрæгбон уæрæхæй банысан кæнынмæ æмæ уымæ гæсгæ акцийы хайад нæ райстой.

«Музейты æхсæв» цымыдисон уымæй у, æмæ кæй фæнды бон дæр у æнæаргъæй музеймæ бацæуын æмæ культурон-хиирхæфсæн мадзæлтты хайад райсын. Йæ сæйраг нысан та у фылдæр нымæц адæмы æрбахонын, уæлдайдæр фæсивæды, цæмæй хуыздæр базоной æмæ бахъуыды кæной, хи цæстæй кæй феной, уыцы раг æмæ нырыккон исто-рийыл дзурæг экспонаттæ. Науæд фылдæр интернеты æндæр æмæ æндæр æнæпайда æрмæджыты цагъар суыдзысты иууылдæр.


«Музейты æхсæв»  Университеты

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты музейон комплексмæ фæуазæг сты нæ республикæйы Хицауад æмæ Парламенты разамынад Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй. Хайад ма дзы райстой Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварады минæвæрттæ, университеты ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ. Уæрæх музейон комплексы акци байгом студентон фæсивæды «Хонгæ» кафтæй. Уый фæстæ бæрæгбоны тыххæй арфæ  ракодта университеты ректор Тедеты Вадим. Уый бузныг загъта уазджытæн, уæлдæр ахуыргæнæндоны музейы куыстмæ цымыдисдзинад кæй здахынц æмæ банысан кодта, алкæцы эскпонат дæр сæ музейы кæй у уникалон йæхи историимæ. «Махмæ абон цы уникалон коллекци æфснайд ис, уыдон сты Уæрæсейы паддзахы рæстæгæй чи баззад, стæй ССР Цæдисы кæмæй пайда кодтой, уыцы кусæн æмæ цардуагон инструменттæ æмæ мигæнæнтæ.


«Музейты æхсæв»  Университеты
Уыдон нымæцы, зæгъæм, сты каретæтæ цалцæггæнæн дæгъæлтæ, гайкæтæ зилæн дæгъæлтæ, алыгъуызон барæн прибортæ, рухсгæнæнтæ, алыгъуызон медицинон инструменттæ æмæ æндæр ахæмтæ. Экспонатты музейæн балæвар кодта Цæгат Ирыстоны цæ-рæг Мæрзаты Валери», – загъта ректор. Уый фæстæ сæрмагондæй арфæ ракодта Национ банчы сæргълæууæг Джиоты Жаннæйæн, банк кæй рауагъта, уыцы æвзист монетæты æххæст коллекци музейæн кæй балæвар кодта, уый тыххæй. Уый фæстæ ныхасы бар радта Президент Гаглойты Аланæн. Бæстæйы сæргълæууæг арфæ ракодта студенттæ æмæ ахуыргæнджытæн, ректор Тедеты Вадимы сæргълæудæй бæрæгбонон акци кæй сорганизаци кодтой, уый сæраппонд. Уый ма банысан кодта музейтæн æхсæнады цы нысаниуæг ис, культурон царды ахсджиаг кæй сты, уый. «Ам мах цы диссаджы æрмæг уынæм, уыдон дзурæг сты нæ истори, культурæ, цардуаг æмæ ирон адæмы идеологийыл. Уыдон канд хистæр кары адæмæн не сты цымыдисон, фæлæ рæзгæ фæлтæртæн дæр. Абоны акцийы фæлгæтты мах уæлдай хатт базонгæ уыдзыстæм æмæ æрымысдзыстæм ивгъуыд æнусты историон рæстæг», – загъта Гаглойты Алан. Официалон хайы фæстæ уазджытæ зонгæ кодтой музейы хъæздыг æрмæгимæ, афтæ ма равдыстыты залы нывтимæ дæр.

Университеты музейон комплексы хъуамæ æнæхъæн æхсæв цыдаид ацы æхсæнадæмон акци, сæхи йæм развæлгъау бацæттæ кодтой студентон фæсивæд æмæ ахуыргæнджытæ дæр. Фæлæ куыд фæнд кодтой, афтæ нæ рауад – æрдæгыл æй уайтагъд æрурæдтой, университеты студенты трагикон мæлæты хабар куы фехъуыстой, уæд.

https://xurzarin.ru/muzejty-aexsaev-universitety/
Короткая ссылка на новость: http://xipu.ru/~h2Q9g