«Фыдыбæстæ, æвзаг, æгъдау æмæ фарн. Худинаджы бæсты - мæлæт!» Ю.С. Гаглойти

Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет
Юго-осетинский государственный университет им. А.А. Тибилова
South Ossetian State University named after A.A. Tibilov

18.10.2019

Джиоты Люба хайад райсдзæн вокалон конкурс "Голос Осетии"-йы

Хуссарирыстойнаг зарӕггӕнӕг Джиоты Люба хайад райсдзæн Цæгат Ирыстоны вокалон конкурс "Голос Осетии"-йы. Ӕвзарæн этап цæудзæн адæмон æвзæрсты руаджы социалон хызæджы, фехъусын кодта Sputnik зарæггæнæг йæхæдæг.

Конкурс "Голос Осетии"-ы фарсыл Instagram-ы, 13 номыры бын ис Джиоты Люба йæ зарæг "Фыццаг фæкасты уарзт"-имæ, æвзарæн этап рацæуынæн ӕй хъæуы лайкты стыр нымæц æрæмбырд кæнын.

"Конкурсы æвзарæн этап цæудзæн Instagram-ы "Голос Осетии"-йы фарсыл. Архайджытæй фылдæр лайктæ чи æрæмбырд кæна, уыдонæй 40 рацæудзысты æвзæрст. Йæ финалон хай цæудзæн Дыгуры комы улæфæндæттæй иуы, уым æртæ боны дæргъы архайджытæн амондзысты вокал æмæ хореографи", - радзырдта Люба.

Джиоты Люба у ХИПУ студенткæ, "ЮОГУ-ТВ"-й кусæг. Чызг æрæджы рамбылдта Цӕгат Ирыстоны национ телеуынынад "Осетия-Ирыстон"-ы вокалон конкурс "АЗАР МА". Хъæлæсæппæрсты хатдзæгтæм гæсгæ Джиоты Люба райста иууыл фылдæр хъæлæстæ æмæ фæхайджын ис "Приз зрительских симпатий"-йæ. Уый фæстæ цыбыр æмгъуыдмæ йæ конкурсон зарджытæ ссисты уарзон Ирыстоны дыууæ хайы дæр – зæлынц радиотæ, хæдтулгæтæ, телефонтæй.

https://sputnik-ossetia.com/news/20191018/9436175/Khussarirystoynag-zarggng-khayad-raysdzn-vokalon-konkurs-Golos-Osetii-yy.html
Короткая ссылка на новость: http://xipu.ru/~wmDQy