«Фыдыбæстæ, æвзаг, æгъдау æмæ фарн. Худинаджы бæсты - мæлæт!» Ю.С. Гаглойти

Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет
Юго-осетинский государственный университет им. А.А. Тибилова
South Ossetian State University named after A.A. Tibilov

04.10.2019

Цхинвалы схорзæхджын кодтой Нафийы премийы лауреатты

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты цыт кодтой зынгæ ирон фыссæг æмæ ахуыргонд, филологон зонæдты доктор Джусойты Нафийы номыл 2018-2019 æзты национ литературон премийы конкурсы лауреаттæн.

Цыппæрæм премийы хицау баисты зынгӕ ирон литературон архайджытӕ Дыгъуызты Тенгиз, Годжысаты Нелли æмæ Баситы Зæлинæ.

Залмæ æрхуыдтой республикӕйы разамынад, Джусойты Нафийы хиуæттæ, премийы бындурæвæрджытæ зонадон æмæ сфæлдыстадон интеллигенци. Мадзалы архайдтой ХИПУ-йы ВИА "А вдруг".

Цытджын церемонийы рӕстӕджы фыццаг сценæмæ фæхуыдтой æртыккаг премийы хицау Баситы Зæлинæйы. Цæгатирыстойнаг литератор ныфс бавæрдта сфæлдыстадон куыстмæ кæй бавналдзæн рæвдздæрæй.

"Чысыл зæрдæзнæт кæнын ахæм стыр кад мын кæй скодтой мæ сфæлдыстадæн. Жюрийы уæнгтæн зӕгъын бузныг. Преми мæ разæнгард кæндзæн сфæлдыстадон куыстмæ", - загъта Баситы Зæлинæ.

Поэтесса æмæ журналист, литературон преми "Булæмæргъ"-ы лауреат Годжысаты Неллийы рахицæн кодтой Нафийы номыл дыккаг премийæ.

"Стыр бузныг ацы æнæнхъæлæджы хъусдард æмæ лæвары тыххæй. Чидæриддæр батыхст ацы хъуыддагыл, уыдонæн бузныг, мах та уыдзыстæм хæсджын бирæ кусын, цæмæй Нафийы премийы аккаг суæм æцæгæйдæр", - загъта Годжысаты Нелли.

Джусойты Нафийы премийы фыццаг лауреаты хорзæхкæнынмæ хуынд æрцыд президент. Бибылты Анатолий бузныджы ныхæстæ загъта преми саразæг, фонд "Амонд"-ы разамонæг Хуыгаты Ростикæн.

"Нафи æрмæст Джусойты мыггаджы нал у, æгас Ирыстоны у. Нæхи Нафи дæр æй уымæн хонæм. Стыр бузныг конкурсы чи архайдта æмæ Хуыгаты Ростикæн ахæм стыр кад кæй кæнут Нафийæн", - загъта президент.

Нафийы премийы фыццаг лауреат ссис поэт, фыссæг æмæ журналист Дыгъуызты Тенгиз.

"Мæнæн Нафийы номыл хорзæх уæлдай кад у. Ард хæрын йæ ном ын бæрзонд кæй хæсдзæн. Хуыцау зыгъæт æмæ уæм премийы аккаг, уæм Нафийы аккаг фæдонтæ", - загъта Дыгъуызты Тенгиз.

Фонд, кæцы дæтты ацы премитæ, сарæзта Хуссар Ирыстоны раздæры хицауады сæрдар Хуыгаты Ростик. Конкурс фыццаг хатт расидт 2015 азы хӕрзаудӕн фонд "Амонд.

Цытджын церемонийы рæстæджы ма рахицæн кодтой ХИПУйы студентты дæр. Уæлдæр ахуыргæнæн уагдоны ирон филологийы студенттæ дыууæйæ та райстой Плиты Грисы премитæ. Бæрзонд хорзæхы хицау баисты Сиукъаты Виктория æмæ Уанеты Новик.

Фонды разамонæг Челехсаты Хъазбег йæ раныхасы банысан кодта Плиты Грисы преми ма лæвæрд цæудзæн ахуыргæнджытæн дæр.

Премийы хицæуттæ раразмæ кодтой хъуыды нырæй фæстæмæ преми дæттын стæмдæр хатт, фæрæзтæ та æвзонг фысджыты æххуысы нысанмæ аздахын.

"Хуыгаты Ростик æрвылаз хицæн кæны 600 мин сомы премитæн. Ацы фарстыл ныма цæудзæн уынаффæ, фæлæ нæ фæнды ис æртæ азы иу хатт дæттын Нафийы преми, фæрæзтæ та аздахын æвзонг фысджыты мыхуыр кæныны æххуысæн", - загъта Челехсаты Хъазбег.

Мадзалы кæрон æрымбырдуæвджытæн бузныг загъта Джусойты Нафийы хо Клавдия.

https://sputnik-ossetia.com/South_Ossetia/20191004/9371864/Tskhinvaly-skhorzkhdzhyn-kodtoy-Nafiyy-premiyy-laureatty.html
Короткая ссылка на новость: http://xipu.ru/~OjsJl