26 февралы, боны 13.00 сахатыл университеты конференцзалы (2-аг уæладзыг 214) уагъд æрцæудзæн Юбилейон-зонадон конференци зынгæ ирон поэт, драматург, публицист Джыгкайты Шамилы райгуырдыл 80 азы кæй сæххæст, уый сæраппонд.
Боны фæтк:
Бацæуæн ныхас: Университеты ректор Тедеты В.Б.
Арфæйы ныхас: РХИ Президент Бибылты А.И.
1. Джыгкайты Шамилы цард æмæ сфæлдыстадон фæндæгтæ. Кафедрæйы сæргълæууæг, проф. Плиты Г.Г 2. Джыгкайты Шамил- «Цард поэтикон ахорæнтæй фæлындзæг» ирон литер.каф.уæнг,проф. Хъазиты М.Р. 3. «Джыгкайты Шамил – тæлмацы дæсны» ирон æмæ иумæйаг æвзагзонынады кафедрæйы гæс проф. Дзиццойты Ю.А. 4. «Историзмы принцип Джыгкайты Шамилы поэтикон уацмысты» - ирон литературæйы кафедрæйы уæнг,доцент Биазырты А.Р. 5. Джыгкайты Шамил – поэт æмæ æмбæстаг» - ирон литературæйы кафедрæйы уæнг, х\ах Плиты С.Я 6. Мысинæгтæ
Табуафси, саккаг нæм кæнут!
Университеты ректорат,
Ирон литературæйы кафедрæ.