Ахуыргæнджытæ ӕмӕ студенттæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты президент Бибылты Анатолий, хицауады сæрдар Пухаты Эрик, ахуырады министр Гасситы Натали.
"Тынг æхсызгон мын у сымах университеты уынын. Уырны мæ, ахуырадон процесс нæм раздæрау кæй уыдзæн бæрзонд æмвæзадыл", - загъта ректор студенттæн.
Уый ма загъта бузныг республикæйы къухдариуæгадæн бæстæйы иунæг университетæн алыварсон æххуыс æмæ хъусдарды тыххæй.
Президент дæр раарфæ кодта студенттæн ахуыры азы райдайыны цытæн æмæ банысан кодта, фыццагкурсонтæн уый кæй у æцæг бæрæгбон, уымæн æмæ фыццаг хатт æрбакъахдзæф кодтой уæлдæр ахуыргæнæндоны къæсæрæй.
"Мæ цæст уын уарзы бирæ зонындзинæдтæ. Мæн фæнды, цæмæй нæ фæсивæд размæ цæуа, уа пассионарон. Уый тынг ахсджиаг у, уымæн æмæ мах цæрæм размæцыд технологиты дуджы, уый та нæ домы уæлдай фылдæр зонындзинæдтæ. Уæ зонындзинæдтæй хъуамæ размæ кæнат нæ республикæйы", - банысан кодта Бибылты Анатолий.
Мадзал адарддæр ис ирон кæфтытæ æмæ зарджытæй.
https://sputnik-ossetia.com/South_Ossetia/20190904/9219828/Protsess-atsyd-Khussar-Iry-studenttn-raydydta-akhuyry-az.html