«Фыдыбæстæ, æвзаг, æгъдау æмæ фарн. Худинаджы бæсты - мæлæт!» Ю.С. Гаглойти

Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет
Юго-осетинский государственный университет им. А.А. Тибилова
South Ossetian State University named after A.A. Tibilov

27.01.2025

Ирон фæсивæд сæхи иттæг хорз æвдисынц ныры тагъдивæг дунейы

Цытджын студенттæ!

Арфæ уын кæнын Татьянæйы боны цытæн!

Студенттæ сты не ‘хсæнады креативондæр, нысанмæздæхтдæр æмæ активондæр хай, кæцы, зынгæ æнтыстытæ къухты æфтын кæнгæйæ, ахъаз кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны рæзтæн.

Студентон азтæ сты ахæм рæстæг, цыран сымах фыццаг къахдзæфтæ аразут уæ алыварс горизонттæ уæрæхдæр кæнынæн, уый у æвзонгады рæстæг хи царды къæсæрыл, уæ фадæттæ дидинрафтыд æмæ стыр æрхъуыдыдзинæдты афон.

Бирæ азты дæргъы ХИПУ у постсоветон тыгъдады сæйрагдæр ахуырадон, зонадон-иртасæн центртæй сæ иу æмæ йын ис аккаг кад æрмæст Республикæ Хуссар Ирыстоны нæ, фæлæ йæ арæнтæн æддейæ дæр.

Ивгъуыд азы фæззæджы ХИПУ-ТВ-йæн лæвæрд æрцыд Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми æмæ ирд цæвиттон у, ацы уæлдæр ахуыргæнæндоны профессорон-ахуыргæнджыты сконд рæзгæ фæлтæримæ цахæм бæрзонд æмвæзадыл кусы, уымæн.

Ирон фæсивæд йæхи иттæг хорз хаты ныры тагъдивæг дунейы.

Не студенттæ, уыдоны нымæцы Уæрæсейы Федерацийы хуыздæр уæлдæр ахуыргæнæндæтты чи ахуыр кæнынц, уыдон дæр активон хайад райсынц фæсивæдон форумты, свæййынц дунеон проектты æмæ грантон конкурсты уæлахиздзаутæ.

Уырны мæ, сымах дарддæр дæр хорз кæй ахуыр кæндзыстут, цæмæй суат уæ хъуыддаджы бæрзондквалификациджын специалисттæ.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Ацы зæрдылдарæн боны уын мæ цæст уарзы, цæмæй уæ иууыл амбициозондæр æмæ ныфсхастдæр нысæнттæ уæ къухты бафтой, райсгæ зонындзинæдтæй та пайда кæнат æнтысгæйæ.

Ут æнæниз, ахуыры уæ къухты æфтæд æнтыстытæ, сабырад æмæ фæрныгад уæ хай.

Студенты боны хорзæх уæ уæт!

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент ГАГЛОЙТЫ Алан


Арфæ Студенты боны цытæн

Цытджын студенттæ! Зынаргъ хæлæрттæ!

Айсут мын мæ иууыл зæрдиагдæр æмæ хъармдæр арфæтæ сæйраг студентон бæрæгбон – Студенты боны цытæн.

Студентон азтæ сты иууыл хуыздæр æмæ цымыдисондæр рæстæг ирд тæлмæнтæ æмæ стыр ныфсыты, агурæнты æмæ фæндаг æвзарыны азтæ. Растдæр уыцы рæстæджы адæймаг сырæзы, куыд гоймаг, афтæ, бындур æвæрд фæцæуы фидæнæн, райсы хъæуæг зонындзинæдтæ, биноныг цæуы царды йæ позици.

Нæ республикæйы хъæуынц бæрзондквалификациджын æрыгон специалисттæ, кæцытæн сæ бон уыдзæн экономикæ æмæ социалон къабазы дарддæры рæзты фæдыл ахсджиаг хæстæ скъуыддзаг кæнын. Сымах цы зонындзинæдтæ æмæ цайдагъдзинæдтæ райсат, уыдон уын æххуыс кæндзысты царды аккаг бынат бацахсынæн, фадат уын ратдзысты, цæмæй уæхи среализаци кæнат, куыд сациумы активон уæнг, афтæ. Ныфсджынæй цæут уæ нысæнттæм, æххæст кæнут уæ бæллицты. Сымахæй, уæ активондзинад æмæ бæрндзинадæй бирæ кæнгæ у нæ республикæйы фидæн.

Хуссар Ирыстоны æппæт студенттæн мæ цæст уарзы æнтыстытæ ахуыры, зонады, сфæлдыстады! Уадз, æххæст кæнæт уæ бæллицтæ æмæ иууыл ныфсхастдæр плæнттæ. Ут æнæниз, амондджын, стыр уæлахизтæ æфтæд уæ къухты!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар МÆРГЪИТЫ Алан

https://xurzarin.ru/iron-faesivaed-saexi-ittaeg-xorz-aevdisync-nyry-tagdivaeg-dunejy/
Короткая ссылка на новость: https://xipu.ru/~gc6Kp