Куыд æй зонæм, афтæмæй Ирыстон у рæсугъд йæ æрдзы руаджы. Фæлæ, хъыгагæн, бирæтæ уазал цæстæй кæсынц æрдзмæ, чъизи кæнынц нæ алфæмблай, хъæдтæ æмæ суадæттæ…
Куыд æрвыл уалдзæг дæр, афтæ ацы аз дæр нæ горæты цæрджытæ, скъоладзаутæ, куыстуаттæ æмæ студенттæ рахызтысты сыгъдæггæнæн зиумæ, горæт æмæ йæ алфæмблай æфснайынмæ. 23 апрелы, горæты цæрджытæ, рахызтысты горæт æфснайынмæ.
ХИПУ-йы студенттæ ректор Тедеты Вадим, декантæ æмæ ахуыргæнджытæ араст сты тулдзы къохмæ. Рахастой алыгъуызон кусæнгæрзтæ æмæ иумийаг тыхтимæ, хъæлдзæг ныхæстæ æмæ зæрдæйыуагимæ сихорафонмæ тулдзы къохæн йæ хуыз скалдтой.
Университеты ректор райгондæй баззад студенттæй. Загъта сын бузныджы ныхæстæ кæй райстой хайад ахæм ахсджиаг мадзалы.
Махæй алчидæр зоны, æрдз нын кæй дæтты цард… Уый дæр зоны улæфын, ис ын йæхи ‘взаг. Æрдз у нæ ныййарæг æмæ нæ дарæг. Мах та йæ нæхи къухтæй сафæм, æндзарæм ыл арт æмæм йæ «хурх» кæнæм.
Бахъахъхъæнæм нæ алфæмблай, нæ сомбон.