«Фыдыбæстæ, æвзаг, æгъдау æмæ фарн. Худинаджы бæсты - мæлæт!» Ю.С. Гаглойти

Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет
Юго-осетинский государственный университет им. А.А. Тибилова
South Ossetian State University named after A.A. Tibilov

28 Ноября 2014

«Фæнды ма мæ, цæмæй нын ХИПУ-имæ сырæза иумийаг командæ», – Дзуццаты Тамерлан

«Фæнды ма мæ, цæмæй нын ХИПУ-имæ сырæза иумийаг командæ», –  Дзуццаты Тамерлан ХИПУ-йы журналистикæйы факультеты студенттæм фæуазæг сты журнал «Cxinval magazine»-ы цырынгæнæг, бындурæвæрæг  Дзуццаты Тамерлан æмæ журналы сæйраг редактор, нывисæг Бекъойты Хох.
Сæ фембæлды сæйрагдæр хæс студенттимæ уыд, цæмæй базыдтаиккой фæссивæды хъуыдытæ ног аив журналы тыххæй, цы ногдзинад ма ма йæм бахæссиккой сæхæдæг æмæ ма, сæ хъуыдымæ гæсгæ, цы цухдзинæдтæ ис йæ фæрстыл.
Куыд æй зонæм, афтæмæй журнал «Cxinval magazine» мыхуыры рацыд 2014 азы апрелы мæйы. Кæд  æмæ йе ‘ддаг цъарыл фыст ис 16+, уæддæр йæ мидисы абоны онг ницы ис мыхуыр æппæрццагæй.
Æрбамбырдуæвæг студенттæн Дзуццаты Тамерлан радзырдта журналы фæзынды тыххæй, кæй йæ фæндыд равдисын Иры рæсугъддзинад, нæ культурæ æмæ нæ истори, куыд размæцыд у нæ Иры фæсивæд. Йæ ныхæстæм гæсгæ, студенттæн сæ бон у æмæ хайад райсой журналы царды, фыссой сæрибар темæтыл. Фыццæгæм курсы студенттæ райстой хæслæвæрдтæ дæр.
Студенттæ  цымыдисæй хъуыстой уазджытæм. Райгондæй сын баззадысты сæ ныхæстæй.
Æмбырды кæрон ма Дзуццаты Тамерлан загъта, зæгъгæ, ацы фембæлдæй уый æнхъæлмæ каст æрмæстдæр позитивон эмоцитæм æмæ сæ исгæ дæр ракодта.
«Фæнды ма мæ, цæмæй нын ХИПУ-имæ сырæза иумийаг командæ», – банысан кодта уый.
Йæ ныхæстæ ма йын Бекъойты Хох бафтыдта, зæгъгæ, мæ ис ныфс æмæ студентты бацымыдис кодтам, «кæй нæм цæуыдзысты æмæ нæм фысдзысты нæ журналмæ».


Дриаты Лейла
журналистикæйы факультеты студенткæ

Короткая ссылка на новость: http://xipu.ru/~fVOdK