«Фыдыбæстæ, æвзаг, æгъдау æмæ фарн. Худинаджы бæсты - мæлæт!» Ю.С. Гаглойти

Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет
Юго-осетинский государственный университет им. А.А. Тибилова
South Ossetian State University named after A.A. Tibilov

28.12.2022

Клуб «Аполлон»-ы юбилей

23-æм декабры ХИПУ-йы актон залы цытджын æгъдауæй банысан кодтой легендарон студентон клуб «Аполлон»-ы сырæзты 50-азы юбилей. «Аполлон»-ы æппæт фæлтæрты минæвæрттæ бацæттæ кодтой æнахуыр хъарм æмæ зæрдæмæхъаргæ бæрæгбон. Мадзал-мæ æрбамбырд бирæ адæм: РХИ-йы Президенты уынаффæгæнæг Пухаты Эрик, Президенты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Цоциты Аннæ, Хуссар Ирыстоны фыццаг æмæ æртыккаг президенттæ Цыбырты Людвиг æмæ Тыбылты Леонид, Парламенты депутаттæ, горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Къацты Гено æмæ æндæр официалон адæймæгтæ, клуб «Аполлон»-ы алы фæлтæрты минæвæрттæ æмæ æндæр уазджытæ. Залмæ бахизæны холлы равæрдтой клубимæ баст нывты равдыст, рабадтыты анонстæ æмæ афтæ дарддæр. 50 азы дæргъы клуб ауагъта 2 минæй фылдæр сфæлдыстадон изæртæ æмæ концерттæ.

Пухаты Эрик паддзахады сæргълæууæджы номæй раарфæ кодта клубы уæнгтæн сæ юбилейы цытæн æмæ сын балæвар кодта Джеры дзуары ныв. «Клубæн ис хъæздыг æмæ цымыдисон истори. „Аполлон“-ы уæнгтæ хицæн кæнынц сæ нысанмæтырнындзинад, энтузиазм, Ирыстонмæ æцæг уарзондзинадæй. Уым ис клубы бындурæвæрæг, нæ республикæйы сæрыстырдзинад, йæ патриотизм æмæ энтузиазмæй уникалон адæймаг, Саулохты Тамарæйы стыр хайбавæрд — кæцы схъомыл кодта бирæ фæлтæрты аккаг адæймæгтæ. Клубы иууыл хуыздæр цы ис, уый у фæлтæрты хæлардзинад. „Аполлон“-ы уæнгтæн сæ бон ссис уыцы æргъадтæ æмæ традицитæ клубы фæсивæд-мæ адæттын» — загъта Пухаты Эрик.

Клубы кадджын уæнг Цыбырты Людвиг загъта: «Абон у монон æмæ хæрзæгъдаудзинады бæрæгбон. Махæн нæ бон у нæхицæй раппæ-лын, уымæн æмæ „Аполлон“-ы хуызæн клуб постсоветон тыгъдады никуы ссардзыстæм. Саулохты Тамарæ, Тамуся у фено-мен, нæ царды ирд фæзынд». Йæ раныхасы кæрон Цыбырты Людвиг баныфсæвæрдта, ноджы иу хатт клубимæ балцы ацæуыны тыххæй. Йæ зæрдыл æрлæууыд, йæ 80 азы юбилейыл Дзимыргомы кæй сæмбæлд, уыцы цау дæр. Балæвар сын кодта йæ чиныг «И словом, и сердцем»-ы цалдæр экземпляры.

ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим хъарм ныхæстæ загъта юбилярты адресыл æмæ сын радта бузныджы гæххæт. Банысан кодта, зæгъгæ, дарддæр дæр æххуыс кæндзæн клубы уæнгтæн сæ алы хъуыддаджы дæр. «Россотрудничество»-йы минæварады сæргълæууæг Сергей Скворцов æрæмбырдуæвджытæн баныфсæвæрдта, зæгъгæ, план кæны клубимæ æмгуыстад æмæ йын алыварсон æххуыс кæнын.

Мадзалы рæстæджы презентаци, ома уыд чиныг «APOLLO — 50»-æн. Чиныгмæ хаст æрцыдысты 1972 азæй, ома, йæ сырæзтæй фæстæмæ клуб цæмæй æмæ куыд цард, æппæт уыдæттæ. Клубы истори чиныг-альбомы форматы рауад ирд æмæ цымыдисон. Арфæйы ныхæстæ хъуыстысты дзæнæты бадинаг Саулохты Тамарæ Никъалайы чызджы адресыл. Уый Хуссар Ирыстонæн балæвар кодта уникалон клуб. Кæд баиугæнд студентон у, уæддæр иу хатт «Аполлон»-мæ чи æрбацыд, уый йæхи раздæры уæнгыл никуы фæнымайы.

Клуб «Аполлон»-ы историйæ
20-æм æнусы 70-æм азты æмбисы ХИПУ-йы историон факультеты æвзонг ахуыргæнæг, Мæскуыйы паддзахадон университеты аспирантурæйы рауагъдон Саулохты Тамарæйы сæргълæудæй клубы фыццаг рабадт уагъд æрцыд 1972 азы 1-æм марты. Уыцы бон Цхинвалы уыд ивгæ боныгъæд — куы мит уарыд, куы та-иу хур ракаст. Æвæццæгæн, уæд ничи ахъуыды кодтаид, клуб цæрыны гуырд кæй фæуыдзæн æмæ йын фидæны стыр нысаниуæг кæй уыдзæн, ууыл. «Аполлон» 50 азы дæргъы йæхимæ æлвасы Хуссар Ирыстоны уæлдæр ахуырадон уагдоны ног æмæ ног фæлтæрты. Æрвылаз дæр клубы рæнхъытæ баххæст вæййынц Ирыстоны æрдз, культурæ æмæ историмæ цымыдисгæнæг æвзонг адæймæгтæй.

Уыцы историон бон расидтысты æрцыд конкурс клубы номы тыххæй, фылдæр хъæлæстæй скъуыддзаг æрцыд клубы «Аполлон» схонын. Уый у мифологиты грекъаг хуыцау, аивæдтыл аудæг. 1972 азы 1-æм марты «Аполлон»-ы 1-аг æмбырды аскъуыддзаг кодтой, цæмæй рабадтытæ уагъд цæуой æрвылкъуыри дæр къуырисæры. Ацы традици хъахъхъæд цæуы ныр 50 азы дæргъы.

Клуб «Аполлон»-ы маршруттæ уыдысты æрмæст Хуссар Ирыстоны хæххон къахвæндæгтыл нæ, фæлæ — Цæгат Ирыстон, Абхаз, Хъæрæсе-Черкесси, Кæсæг-Балхъар æмæ æндæр бынæттæм. Фæлæ фыццаг хæрдмæцыд клуб сарæзта 1978 азы Хуссар Ирыстоны иууыл рæсугъддæр хæхтæй сæ иу Бурхохы кувæндонмæ. Уæд клубы президент уыдис Джиоты Замирæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ сын фыццаг бæрзæндмæ схизынæн баххуыс кодта Козаты Владимир. Уыцы балцæй сæ зæрдæты цæрæнбонтæм баззадысты æнæферохгæнгæ тæлмæнтæ. Уый фæстæ фæтых сты æндæр хæхты бæрзæндтыл дæр. Иууыл дæргъвæтиндæр балцы та уыдысты Кæсæг-Балхъары — 16 боны дæргъы.

Экраныл æвдыстой клубы цардæй ист кадртæ. Æрæмбырдуæвджытæ иу уысм æмырæй алæууынæй ссардтой, клубы раздæры уæнгтæй цардæй чи ахицæн, уыдоны нæмттæ. Онлайн-режимы юбиляртæн раарфæ кодтой йæ раздæры уæнгтæ: Никарагуайаг поэтессæ, клубы кадджын уæнг Альбу Торрес, Джон Эндрю (Испан), Тедеты Георги æмæ Зассеты Амагæ (Мæскуы), Бæззаты Рудик (Белгород), Кокойты Маринæ (Мæскуы), Джиоты Мурат Санкт-Петербургæй, Инара Чехоян Мельбурнæй (Австри) æмæ æндæртæ. Зарджытæ æмæ кæфтытæ кæрæдзи ивтой. Дзабиты Роланд æмæ Людмила Александрова тынг хорз азарыдысты, афтæ ма Роланд йæ чызг Екатеринæимæ сæххæст кодтой ирон кафт. «Аполлон»-ы раздæры æмæ ныры уæнгтæ иумæ тынг хорз сæххæст кодтой цалдæр зарæджы.

Хаджеты Таймуразы æмдзæвгæ ирон æвзагыл бакаст Кокойты Мария. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ студентон клуб æрвылаз дæр цалдæр хатты кæй ауадзы ацы поэты сфæлдыстадон изæртæ.

Экранæй райхъуыст Абайты Вассойы хъæлæс. Клубы историйы хицæн бынат ахсынц зынгæ ирон ахуыргонд Абайты Вассоимæ баст изæртæ-фембæлдтытæ. 1980 азы клубы ирддæр цау ссис ирон зарæджы изæр. Уæд сын фембæлд уыдис нæ Иры æвидигæ стъалы, нæ рæбинаг цæджындз Абайты Вассоимæ. Æнæхъæн изæр дзырдтой иронау, студенттæ зарыдысты, кас-тысты æмдзæвгæтæ. Вассойы райстой клубы кадджын уæнгæй, дидинджыты гирляндæ йыл бакæнгæйæ. Уыцы бон Кокойты Тамарæ тынг бирæ систа ахуыргонды къамтæ.

Ныртæккæ клубы президент у Къæбулты Лизæ æмæ йæ сæргълæууæг та — ХИПУ-йы англисаг æвзаджы кафедрæйы ахуыргæнæг Къацты Олеся.

Людмила Александрова йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, цалынмæ клуб цæра, уæдмæ цæрдзæн Саулохты Тамарæйы ном дæр.

«Аполлон»-мæ æнхъæлмæ кæсынц ног горизонттæ, ног бæрзæндтæ!

https://xurzarin.ru/klub-apollon-y-yubilej/
Короткая ссылка на новость: http://xipu.ru/~JG2Up