«Фыдыбæстæ, æвзаг, æгъдау æмæ фарн. Худинаджы бæсты - мæлæт!» Ю.С. Гаглойти

Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет
Юго-осетинский государственный университет им. А.А. Тибилова
South Ossetian State University named after A.A. Tibilov

18 Октября 2016

Къостайы райгуырæн къуым – Нары хъæу

Ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг, зындгонд поэт, прозаик, драматург, нывгæнæг, æхсæнадон архайæг Хетæгкаты Къостайыл ацы аз сæххæст 157 азы. Куыд æрвылаз, афтæ та ацы аз дæр  поэты райгуырæн бон Ирыстоны нысан кодтой уæрæхæй.  

Хъыгагæн, стыр поэты райгуырæн хъæу, Нары никуы уыдтæн.

Ацы аз мын фæци мæ курсæгтимæ æмæ нæ университеты лектортимæ уырдæм ацæуыны фадат. Фæндагыл цæугæйæ, не 'ппæт дæр æнкъардтам цавæрдæр æнахуыр æхцондзинад. Зарыдыстæм зарджытæ, кастыстæм Къостайы æмдзæвгæтæ, афтæмæй рæстæг кæуылты агæпп кодта, уый хатгæ дæр нæ фæкодтам. Бахæццæ стæм Нары хъæумæ. Уырдæм æрцыд бирæ адæм Хуссар Ирыстонæй æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийæ дæр. Уæлдай æхсызгон мын уыд, бирæ фæсивæд æмæ скъоладзауты куы федтон, уый.

Мæнмæ фыццаг афтæ каст, цыма Къостайы номыл æппæт дæр зонын, зæгъын цы ма нын хъуамæ радзурой æмæ равдисой ногæй, фæлæ фæрæдыдтæн, поэты хæдзар-музеймæ куы бахызтæн, уæд.

Куы йае базыдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæ стæм, уæд ныл уæлдай цин бакодтой, немæ сæ къамтæ систой. Къостайы хæдзар-музейы тыххæй нын къостайы хабæрттæ чи кодта, уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта: «Стыр æхсызгонæй мæ фæнды зæгъын, хуссайраг фысджытæ бæстонæй кæй кусынц сæ алы æрмæгыл дæр, уыцы нымæцы Къостайы цардæй факттыл дæр. Цалынмæ информаци бæлвырдæй сбæрæг кæнынц, уæдмæ мыхуыры нæ рацæуы».

Тынг цымыдисон уыд, Къостайы хæдзар-музейы кусджытæ профессор Плиты Гацырыл цы зæрдæйы уагимæ æмбæлдысты, уый дæр. Гацыр сын балæвар кодта Къостайы тыххæй йæхи чиныг. Уыдон æм бахатыдысты, цæмæй йыл афтор зæрдылдарæн ныхæстæ ныффыстаит æмæ йæ ныууагътой музеййы архивы. Уыдоны дæр бафæндыд нæ университетæн балæггад кæнын æмæ нын балæвар кодтой сæхицæн дæр тынг зынаргъ чи уыд, ахаем чиныг.

Мах ма ссыдыстæм Къостайы мад Гуыбаты Габрелы чызг Марияйы ингæнмæ дæр. Кæд æнкъард бынат у, уæддæр дзы адæймаг хатыд цавæрдæр æнцойад. Федтам ма, Къоста райдийан кълæссты кæм ахуыр кодта, уыцы скъола дæр. Бирæ дзы уыд, раздæр адæм кæмыты цардысты, уыцы хæдзæртты пырхæнтæ. Дисы нæ æфтыдта, ахæм бынæтты адæм куыд цардысты.

Ацы балцæй  баззадтыстæм тынг райгондæй. Бирæ цымыдисон факттæ базыдтам Къостайы цард æмæ сфæлдыстадæй. Ссардтон мæхицæн бирæ хæлæрттæ. Кæддæриддæр мæ фæндид ацы алæмæтон бынатмæ здæхын.


Джиоты Джокондæ
ХИПУ-йы журналистикæйы факультеты 1-аг курсы студенткæ
Короткая ссылка на новость: http://xipu.ru/~FEEjt