«Фыдыбæстæ, æвзаг, æгъдау æмæ фарн. Худинаджы бæсты - мæлæт!» Ю.С. Гаглойти

Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет
Юго-осетинский государственный университет им. А.А. Тибилова
South Ossetian State University named after A.A. Tibilov

16.05.2018

ХИПУ — студентон телеуынынады æхсæнадæмон ассоциацийы уæнг

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста телеканал «Просвещение»-йы генералон директор, студентон телеуынынады æхсæнадæмон ассоциацийы æххæстгæнæг директор Владимир Косенчукы. Уый Цхинвалмæ æрцыд Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректоры æрхуындмæ гæсгæ.

Тедеты Вадимы ныхæстæм гæсгæ, Владимир Косенчук Хуссар Ирыстонмæ æрцыд, цæмæй сæ къухтæ æрфыссой студентон телеуынынады Æхсæнадæмон ассоциацимæ ХИПУ-йы бахызты тыххæй бадзырдыл.

«Ацы æмгуыстады фæрцы махæн фадат уыдзæн, мах цы видео æрмæджытæ, репортажтæ æмæ сюжеттæ цæттæ кæнæм, уыдон ацы дыууæ телевизион каналтæм æрвитынæн», — загъта ХИПУ-йы ректор.

Влдаимир Косенчук банысан кодта, цы бадзырдыл æрфыстой сæ къухтæ, уый кæй у Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы ‘хсæн интеграцийыл дзурæг.

«Мах æрфыстам нæ къухтæ бадзырдыл, цæмæй ХИПУ бахиза Студентон телеуынынады æхсæнадæмон ассоциацимæ. Иууыл ахсджиагдæр та уый у æмæ телеуынынады фадыджы дæр цæуы интеграци. Нæ хæс у, цæмæй уæлдæр ахуыргæнæндæтты медиа-центрты æмвæзад бæрзонддæр кæнæм. Мах уын æххуыс кæндзыстæм уынаффæтæй, мастер-кълæстæй æмæ æндæр ахæмтæй», — загъта Владимир Косенчук.

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли рахæцыд ХИПУ-йы æмæ уæрæсейаг телеканалты ‘хсæн æмгуыстады æвварс, æмæ сын йæ цæст бауарзта æнтыстытæ æмæ пайдайаг æмгуыстад.

«Бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын дæуæн, Хуссар Ирыстоны ахæм активон куыст кæй кæныс, уый тыххæй. Ныфс мæ ис, тагъд рæстæджы хорз фæстиуджытæ кæй фендзыстæм нæ университеты къухдариуæгады активон куысты фæрцы», — загъта Бибылты Анатоли уазæгимæ ныхас кæнгæйæ.

Тедеты Вадим ма радзырдта, Владимир Косенчук студенттæн цы мастер-кълæстæ ауагъта, уыдоны тыххæй.

«Уый у ораторон дæсныйады æмæ видеомонтажы хуыздæр специалист, уымæ гæсгæ журналистикæйы факультеты студенттæн арæзт æрцыд мастер-кълас», — загъта ХИПУ-йы ректор.

http://new.xurzarin.ru/xipu-studenton-teleuynynady-aexsaenadaemon-associacijy-uaeng/
Короткая ссылка на новость: http://xipu.ru/~vx74d