«Фыдыбæстæ, æвзаг, æгъдау æмæ фарн. Худинаджы бæсты - мæлæт!» Ю.С. Гаглойти

Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет
Юго-осетинский государственный университет им. А.А. Тибилова
South Ossetian State University named after A.A. Tibilov

30.11.2022

ХИПУ-йы студенттæ Волгограды

25-29 ноябры Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæ федтой горæт Волгоград сæхи цæстæй. Семæ университетæй ацыдис æртæ ахуыргæнæджы.

Ацы хатт студенттæ федтой Уæрæсейы горæт Волгоград. Æдæппæтæй ацы балцы хайад райстой 13 студенты. Уыдон дыууæ боны дæргъы базонгæ сты горæтимæ. Уыд сын экскурситæ, федтой цæугæдон Волга, Мамаев Курган æмæ уыдысты Волгограды паддзахадон техникон университеты.

Къорды сæргълæууæг, ХИПУ-йы проректор Цыхуырбаты Инна радзырдта:

«Нæ экскурси Волгоградмæ æххæст æрцыд паддзахадон программæ æвзонг фæсивæды хъомылады хаххыл. Ацы программæйы ис рæнхъ, кæцымæ гæсгæ, экскурситæ арæзт цæуынц хæстон бынæттæ æмæ Уæрæсейы историон горæттæм.

Дыууæ боны арвыстам фæндагыл — уырдæм æмæ фæстæмæ. Дыууæ боны та уыдыстæм Волгограды. Базонгæ стæм горæтимæ, стæй дыккаг бон уыдыстæм Александр Македонскиййы соборы — цыдис дзы служба, студенттæн сæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Дарддæр абалц кодтам „Сталинграды тохы“ музей-заповедникмæ. Цыппар сахаты дæргъы нын уагътой тынг цымыдисон, ахсджиаг экскурси. Бирæ ногдзинæдтæ базыдтой студенттæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ахæм экскурситæ вазыгджын сты рæзгæ фæсивæды хъомыладæн. Уый фæстæ федтам нысаниуæгджын „Мамаев Курган“ — æнахуыр ирд тæлмæнтæ ныууагъта нæ зæрдæты. Уыцы мемориалон комплексмæ хауы цырт „Родина Мать зовёт“, „Скорбящая мать“, „Горе-льеф“, Память поколений, Стены Руины, зал воинской славы. Бацыдыстæм Сталинграды хъайтарты номыл мемориалон цыртмæ. Уым Гæбæраты Аринæйы фæрцы, (тынг уазал уыд, фæлæ уый нæ фæзивæг кодта, æрзылдтытæ кодта алы ран дæр), ссардтам цырт Ирыстоны-Аланийы фырттæн, кæцыйыл ис иронау фыст.

Фæстаг бон арвыстам Волгограды паддзахадон техникон университеты. Фæндыдис нæ фенын университеты ахуыргæндты зал, уымæн æмæ уым йæ дипломон куыст бахъхъахъæдта нæ ректор Тедеты Вадим Ботазы фырт. Амбæлдис ныл йе’ввахс зонгæ. Уый нын ауагъта экскурси, равдыста нын университеты музей. Тынг цымыдисон уыдис уым дæр.

Нæ экскурси нырыккон рæстæджы тынг актуалон у патриотикон хъомылады æгъдауæй. Ныфс мæ ис, æмæ алкæцы студент дæр зынгæ фæхъæздыг кодта йæ миддуне. Тынг диссаджы фадат сын фæзынд хи цæстæй фенын Сталинграды тыххæй. Иу хъуыддаг у чиныджы бафæрсын, фæлæ хи цæстæй фенын цæй аргъ у!»

ХИПУ-йы «Актерон дæсныйады» 3-аг курсы студент Зассеты Вадим радзырдта, фыццаг хатт цы горæт федта, уый йыл куыд бандæвта, цы базыдта, цы федта ногæй: «Зæрдæмæцæугæ балц уыди. Бирæ цымыдисон хабæрттæ федтам, зæгъæм, Мамайты обау (туп-пур). Уыцы тыхджын æмæ æрхæндæг бынат æвæлмастæй никæй ныууадздзæн. Уымæй дарддæр ма уыдыстæм музей „Панорама“-йы. Сталиграды тох дзы æвдыст æрцыд тынг оригиналон æмæ цымыдисон хуызы. Мæ зæрдæмæ тынг фæцыди! Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын Тедеты Вадим Ботазы фыртæн æмæ нæ университеты дирекцийæн нæ студенттæн фæсарæнтæм цымыдисон балцтæ кæй саразы, уый тыххæй. Бузныг уын!!!».

«Æппæты тæмæссагдæр æввахсмæ фенгæйæ у „Родина-мать зовёт“. Тынг рæсугъд скондæй, тынг арф йæ хъуыдыйæ. Волгоград у тынг рæсугъд горæт, уæлдайдæр та изæры» — афтæ райхæлдта йæ хъуыдытæ ХИПУ-йы «Историкон-юридикон» дæсныйады 2-аг курсы студент Гæбæраты Давид.

Алы аз дæр ХИПУ-йы студенттæ ацæуынц историкон вазыгджын бынæттæм — фæрæзтæ та сын радты университет. Зæгъæм, фарон ацафон студенттæ уыдысты Стъараполы, федтой горæт, Хетæгкаты Къостайы номыл музей, Стъараполы ирæттимæ базонгæ сты, стæй поэты цырты раз иумæ азарыдысты «Балцы зарæг».

https://new.xurzarin.ru/xipu-jy-studenttae-volgogrady/
Короткая ссылка на новость: http://xipu.ru/~AAYHG