«Фыдыбæстæ, æвзаг, æгъдау æмæ фарн. Худинаджы бæсты - мæлæт!» Ю.С. Гаглойти

Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет
Юго-осетинский государственный университет им. А.А. Тибилова
South Ossetian State University named after A.A. Tibilov

03.12.2022

«Фидиуæг» банысан кодта йæ цытджын юбилей

30-æм ноябры Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты цытджын æгъдауæй банысан кодтой журнал «Фидиуæг»-ы 95 азы юбилей. Журнал ирон литературæйы рæзтмæ бахаста стыр хайбавæрд.

Юбилейон мадзалы хайад райстой Хицауады минæвæрттæ, Парламенты депутаттæ, универ-ситеты ахуыргæнджытæ, ректор Тедеты Вадимы сæргълæудæй, зонадон интеллигенцийы минæвæрттæ, фысджытæ æмæ уазджытæ Цæгат Ирыстон-Аланийæ.

Журнал «Фидиуæг»-ы коллектив æмæ фысджыты цæдисæн юбилейы цытæн арфæ ракодтой мадзаламонджытæ — Бекъойты Филипп æмæ Дзæгъиаты Аннæ æмæ уый фæстæ адæмы зæрдыл æрлæууын кодтой «Фидиуæг»-ы сырæзты истори, цавæр уыдысты йе сфæлдыстадон фæндæгтæ, ирон аив дзырд бахъахъхъæныныл чи тох кодта, æппæт уыдæтты нæмттæ. «Журналы фæрцы мах зонæм цы хъуыдытæ уыдис Уанеты Владимирмæ, цæуыл мæт кодта Гафез, куыд цардис Бестауты Гиуæрги, цы рыстис Хаджейы фырты удæй», — банысан кодта Бекъойты фырт.

Журналы раздæры редактор, поэт Хъодалаты Герсан æрæджы фæзиан æмæ ацы юбилейон бæрæгбоныл йæ коллективимæ кæй нал æмбæлы, уый хынцгæйæ, мадзаламонджытæ бахатыдысты адæммæ, цæмæй Герсаны номæй иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссарой журналы чи куыста æмæ не ’хсæнæй чи фæхъуыд, уыдоны рухс нæмттæ дæр.

Хъодалаты Герсан дæргъвæтин рæстæджы æнувыд куыст фæкодта журналы. Бирæ йын бантыст Иры хæрзиуæгæн саразын йæ цыргъзонд æмæ нуарджын сфæлдыстады фæрцы. Хуссар Ирыстон уæззау бонты куы уыд, уæд журнал нæ бауагъта мынæг кæнын. Курдиатджын поэтæн егъау сты йæ лæггæдтæ ирон литературæйы, йæ фæстæ ныууагъта хъæздыг сфæлдыстад — йæ поэзийы сты райгуырæн бæстæмæ æгæрон уарзондзинад, сагъæстæ йæ фидæны тыххæй.

Журналы коллективæн сæ бæрæгбоны тыххæй арфæ ракодта университеты ректор Тедеты Вадим æмæ банысан кодта, зæгъгæ, уыдон кæй кусынц мадæлон æвзаджы райрæзты хъуыддагыл æмæ йæ парахат кæныныл. «Мах абон кад кæнæм журналы бындурæвæрджытæн се ’ппæтæн дæр. Уыдон уыдысты нæ ирон интеллигенцийы минæвæрттæ, кæцытæ архайдтой Ирыстоны рухс фидæныл. Се ’хсæн уыдис, абон нæ университет кæй ном хæссы, уый дæр. Уымæ гæсгæ мын тынг æхсызгон у, журналы юбилейыл ацы ран иумæ кæй æмбæлæм, уый. Университеты коллектив кæддæриддæр цæттæ у уæ фарсмæ балæууынмæ», — банысан кодта Тедеты Вадим æмæ дидинджыты баст балæвар кодта журналы редактор Годжыцаты Неллийæн.

Годжыцаты Нелли йæ раныхасы загъта:

«Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы уæнгтæ се ‘ууæнк мæныл кæй бафтыдтой, уымæ гæсгæ æз ацы куыстуарзон коллективимæ кусдзынæн уæхскуæзæй, цæмæйдæриддæр журнал уа цымыдисон æмæ мидисджын, уымæн æмæ „Фидиуæг“ у ирон аив дзырды къæбиц æмæ йæм хæсдзыстæм ногдзинад». Редактор йæ раныхасы рахицæн кодта журналы æрыгон авторты, уыдон сты цалдæр æмæ сын йæ цæст бауарзта сфæлдыстадон дунемæ уæндонæй цæуын æмæ æнтыстытæ. Уый фæстæ сценæмæ рахуыдта коллективы æмæ сын балæвар кодта зæрдылдарæн лæвæрттæ.

«Фидиуæг»-ы бæрнон нымæрдар Остъаты Алан юбилейы сæраппонд арфæйы ныхæстæ загъта йе ’мсисонтæн, рæгъмæ рахаста абон нæм литературон критиктæ кæй нæй, уыцы проблемæ æмæ катай кодта. «Абон нæ журналы юбилей нысан кæнæм, фæлæ не ’хсæн ис ахæмтæ, кæцытæ афæдзы мидæг иу радзырд дæр не ’рбавдисынц журналы редакцимæ. Кæд ахæм хæс нæхимæ райстам, уæд хъуамæ кусæм æмæ лæггад кæнæм нæ хъомылгæнæгæн, ома, журналæн. Мах куы нæ фыссæм иронау уацмыстæ, уæд нæ театры сценæйыл нæ райгуырдзæн ирон спектакль», — загъта уый.

Республикæйы Президенты администрацийы разамонæджы хæдивæг Цоциты Аннæ та йæхи æмæ нæ бæстæйы сæргълæууæг Гаглойты Аланы номæй юбилейы цытæн арфæ ракодта журналы кусджытæн æмæ банысан кодта «Фидиуæг» цы даргъ æмæ уæззау фæндæгтыл рацыд, уый æмæ йæ ахадындзинад æхсæнадон царды. Цоциты Аннæ сæргом кодта, журнал ын уарзон кæй у. Аннæйы фыды фыд Резо йæ рæстæджы уыдис журналы сæйраг редактор, йæ нана Лизæ та дзы журналисты куыст кодта æмæ уымæ гæсгæ дæр йын зынаргъ у «Фидиуæг». Ныфс бавæрдта, зæгъгæ, Президенты администраци кæддæриддæр уыдзæн коллективы фарсмæ æмæ сын алыварсонæй æххуыс кæндзæнис.

Журнал «Фидиуæг» æмæ коллективæн зæрдиаг арфæтæ ракодтой сæ хæлæрттæ-коллегæтæ Цæгат Ирыстонæй: журнал «Ногдзау»-ы редактор Сæлбиты Дианæ æмæ фыссæг Касаты Аслан. Юбилейы кадæн зæрдылдарынæн балæвар кодтой цымыдисон ныв.

Бæрæгбоны цытæн адæмæн æвдыст æрцыдис концертон программæ, кæцыйы хайад райстой бынæттон зарæггæнджытæ æмæ сфæлдыстадон къордтæ.

https://new.xurzarin.ru/fidiuaeg-banysan-kodta-jae-cytdzhyn-yubilej/
Короткая ссылка на новость: http://xipu.ru/~jK2tW