«Фыдыбæстæ, æвзаг, æгъдау æмæ фарн. Худинаджы бæсты - мæлæт!» Ю.С. Гаглойти

Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет
Юго-осетинский государственный университет им. А.А. Тибилова
South Ossetian State University named after A.A. Tibilov

02.11.2022

Университеты 90 азы юбилеймæ — бæрæгбонон лæвар

Æрæджы зонадон-методикон æмæ æхсæнадон-литературон журнал «Русское слово в Южной Осетии»-йы редколлеги Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты 90 азы юбилеймæ мыхуыры рауагътой сæрмагонд номыр æмæ йын 1-æм ноябры университеты конференц-залы ауагътой презентаци.

Бæрæгбонон презентацимæ æрбацыдысты æмæ дзы хайад райстой нæ бæстæйы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты ассоциаци, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварады минæвæрттæ, Хуссар Ирыстоны «Россотрудничество»-йы сæргълæууæг Сергей Скворцов, университеты ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ, ректор Тедеты Вадимы сæргълæудæй æмæ Цæгат-Кавказаг федералон университеты лектортæ.

Мадзал байгом университеты гимнæй, йæ автор та у ХИПУ-йы ахуыргæнæг Пухаты Аллæ.

Уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты ассоциацийы президент, журнал «Русское слово в Южной Осетии»-йы сæйраг редактор, профессор Тедеты Залинæ йæ раныхасы раарфæ кодта университеты 90 азы юбилейы сæраппонд æмæ бузныг загъта, журнал уадзыны хъуыддагмæ йæ хайбавæрд чи хæссы уыдонæн. Тедеты Залинæ банысан кодта, зæгъгæ, университет йæ алыгъуызон фæндæгтыл рацæугæйæ, ныртæккæ ис йæ кадджын кары: «Мах цы уæззау рæстæджытæ бавзæрстам, уыдонмæ нæкæсгæйæ дарддæр кодтам нæ куыст, цæмæй абон нæ къухты цы бафтыд, уый пырх æмæ нымæг кæнын ма бауадзæм.

Абоны университетæн бындур чи æрæвæрдта æмæ ирон адæмы рухс фидæныл чи тыхст, уыдоны нæмттæ хъуыды кæнгæйæ, кæддæриддæр лæууыдыстæм кæрæдзийы фарсмæ, цæмæй нæ мадæлон æвзаг, нæ истори хъахъхъæд цæуой. Уый махæн уыд нæ иууыл сæйраг хæс. Университеты юбилей у нæ республикæйы æмбæстæгты цалдæр фæлтæры бæрæгбон. Уымæ гæсгæ нæ алкæмæндæр у зынаргъ æмæ адджын», — банысан кодта Тедеты Залинæ. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, йæ дæлбаруæвæг Ассоциаци стыр хайбавæрд кæй хæссы Хуссар Ирыстоны уырыссаг æвзаджы рæзтмæ æмæ афтæмæй æнгомдæр кæй кæнынц уырыссаг æмæ ирон адæмты.

Журналы юбилейон номыр у цымыдисон æмæ рæсугъд фæлыст. Йæ фæрстыл мыхуыр æрцыдис университеты цардимæ баст къамтæ. Титулон сыфыл ис университеты ног корпусы къам. Журналы райдиан фæрстыл бакæсæн ис РХИ-йы Президент Гаглойты Алан, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов æмæ уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты ассоциацийы арфæтæ юбилейы цытæн. Юбилейон номыры сæрмагонд бынат ахсы ректор Тедеты Вадимы эксклюзивон интервью.

Университеты ректор дæр зæрдиаг арфæ æмæ бузныджы ныхæстæ загъта ахуыргæнджытæн æмæ журналы редколлегийæн сæ иузæрдион куысты, Ирыстоны зонады хъуыддагмæ стыр хайбавæрд кæй хæссынц æмæ фидæны специалисттæ кæй цæттæ кæнынц, уый тыххæй. «Абон Уæрæсейы æххуысы фæрцы нæ университетæн йæ уавæртæ бирæ хуыздæр сты æмæ уый та нысан кæны — студенттæн зонадмæ сæ фæндæгтæ уæрæх кæй сты, уый. Зынаргъ студенттæ, сымах стут нæ фидæн æмæ уæ ахуыры тырнут фылдæр зонындзинæдтæ райсынмæ.

Университеты 90 азы юбилейы цытæн фыст  æм-дзæвгæтæй цалдæр бакастысты студенттæ.

ЗОНÆНТЫ АРГЪУАН

Ивгъуыдæй соммæ фæллад азтæ згъорынц,

Царды уæз фидар уæхсджытыл хæссынц.

Семæ нæ, хъазгæйæ, дард балцы хонынц,

Сагъæстæ, цинтæ таучелæй дæттынц.



Æнусты хъæбысы уæзданæй, уæндонæй,

Сæрыстырæй Зонæнты Аргъуан лæууы.

Йæ удыхъæд – фидар, цæвиттон æндонæй,

Æртхутæгæй, Фениксау, растад, цæры.



Сæрыстыр – фыдæлты бæллиццаг бæркæдтæй, —

Ам рухсмæ бæллæг адæм фидынц сæ хæс.

Сæрныллæгæй Зонæнæн кувынц сæ сæртæй,

Йæ уынд дæр – паддзахы пæлæзы æмвæз!



Цы сусæджы ‘мбæхсы йæ хъаруйы суадон?

Цы кæлæны руаджы дзы бацыди цард? –

Нæу сусæг, нæдæр ис кæлæны йæ амонд:

Æфсымæрон уарзты – йæ райгуырд, йæ фарн!



Нæ нæртон æфсымæрты уды цырагъæй

Нæ Аргъуаны абухгæ пиллон ыссыгъд;

Узæлгæ ‘мæ хъавгæ йæ адæттæм дарддæр, —

Нæ диссаджы хæзна, нæ бæркад, нæ тых!

Университеты 1994 азы рауагъдон,

ПЛИТЫ Инал

Презентацийы ма университеты юбилей æмæ журналы сæрмагонд номыры рацыды фæдыл сæ хъуыдытæ загътой презентацийы уазджытæ. Кæронбæттæны æппæт хайадисджытæн мадзалы организатортæ балæвар кодтой юбилейон журналы экземпляр.

https://new.xurzarin.ru/universitety-90-azy-yubilejmae-baeraegbonon-laevar/
Короткая ссылка на новость: http://xipu.ru/~aIBle