«Фыдыбæстæ, æвзаг, æгъдау æмæ фарн. Худинаджы бæсты - мæлæт!» Ю.С. Гаглойти

Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет
Юго-осетинский государственный университет им. А.А. Тибилова
South Ossetian State University named after A.A. Tibilov

30.09.2022

Йæ куыст фæцис дунеон фæсивæдон форум

23-25 сентябры Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон уни-верситеты уагъд æрцыд дунеон фæсивæдон форум «Сохранение исторической памяти в контексте глобальных изменений», зæгъгæ. Форумы хайад райсынмæ Цхинвалмæ æрцыдысты æртæ бæстæйы — Абхаз, Сомихстон æмæ Уæрæсейы минæвæрттæ, æдæппæтæй 100 æвзонг адæймагæй фылдæр.

Форум байгом кæныны церемонимæ æрбацыд Президент Гаглойты Алан. «Абон Хуссар Ирыстон æрæмбырд кодта Уæрæсейы æппæт къуымтæй æмæ æндæр паддзахадтæй курдитаджын, хъæппæрисджын æвзонг адæймæгты. Уырны мæ, форумы райсгæ информаци уын кæй рабæздзæн уæ дарддæры куысты. Форумы темæ у тынг ахсджиаг дунейы абоны ивындзинæдтæ хынцгæйæ, цыран зыгъуыммæ кæнынц нæ иумиаг Райгуырæн бæстæйы истори. Уымæ гæсгæ мах хæсджын стæм, цæмæй зонæм рæстдзинад. Фæнды мæ бузныджы ныхæстæ зæгъын абоны форумы организатортæн. Æз хъуыды кæнын афтæ, æмæ ацы фæзуат æмæ ацы формат фидардæр кæй кæндзæн уыцы æмархайд, кæцы уæвынад кæны нæ уæлдæр ахуырадон уагдæтты ’хсæн», — загъта Президент.

Паддзахады Сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, абон Донбассы республикæты уагъд цæуы референдум, кæцыйæн ис ахсджиаг нысаниуæг. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, уæрæсейаг хæстонтæ хъахъхъæнынц нæ иумиаг истори. Уыцы историйы, кæцыйы хъахъхъæдтой нæ фыды фыдтæ æмæ уыдоны фыдтæ 1941-1945 азты. «Абон уыцы цаутæ фæстæмæ фæл-хатт цæуынц æмæ махæн историйы уроктæ зонд-зонæн куынæ фæуой, уæд фæлхатт цæудзысты дарддæр дæр», — загъта Гаглойты Алан.

Цæгат Кавказы федералон университеты ректор Дмитри Беспалов форум схуыдта нысаниуæгджын цау консорциум «Стыр Кавказ»-ы архайды фæлгæтты. «Форумы темæ у актуалон абон цы цаутæ цæуынц, уыдоны бахынцгæйæ. Нæ университет стыр хъусдард здахы историйы сфальсификаци кæныны бафæлварыны ныхмæ. Зæгъæм, абон нæ университеты архайынц 20 патриотон студентон баиугæнды. Æмæ æрмæст фæстаг азты мах среализаци кодтам патриотон здæхты 300 мадзалæй фылдæр, цыран хайад райстой 15 мин адæймагæй фылдæр. Уырны мæ ацы форум фадат кæй ратдзæн нæ адæмты ’хсæн хæларадон бастдзинæтæ сфидардæр кæнынæн», — банысан кодта Дмитри Беспалов.

Форумы хайадисджытæн раарфæ кодта ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим, бафæндыд æй уыдонæн æнтыстджын куыст. «Знон УФ-йы Федерацийы Советы уыд историон цау — ХИПУ-йы презентаци. Абоны онг дæр махæн уæрæсейаг уæлдæр ахуырадон уагдæттимæ уыд æмахастыты бæрзонд эффективондзинад. Æмæ уыцы æмгуыстад презентацийы фæстæ ноджы фæтыхджындæр уыдзæн». Ректор банысан кодта, зæгъгæ, ХИПУ кæны стыр куыст æрмæст ирон æвзаг, культурæ æмæ истори пропагандæ кæныны нæ, фæлæ ма стыр уырыссаг культурæ, уырыссаг æвзаг æмæ литературæ пропагандæ кæныны дæр.

Форумы ахсджиагдзинад банысан кодта Абхазы паддзахадон университеты уголо-вон барад æмæ процессы кафедрæйы ахуыргæнæг Руслан Чемян. Йæ ныхæстæм гæсгæ, абоны форум ныридæгæн ахъаз кæны историон мысынад бахъахъхъæнынæн. «Абон ам кæй æрæмбырд стæм, уый ныридæгæн дзурæг у ууыл, æмæ мах кæй хъахъхъæнæм историон мысынад информаци кæрæдзийæн дæтгæйæ», — загъта уый.

Æртæ боны дæргъы форумы фæлгæтты йæ хайадисджытæ байхъуыстой горæт Минводы Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæварады дыккаг секретарь Вячеслав Потапов, Цæгат Кавказы федералон университеты гуманитарон инстиуты директор Марина Колесникова, Абхазы паддзахадон университеты истори, археолги æмæ этнологийы кафедрæйы ахуыргæнæг Аслан Габелияйы æмæ бирæ æндæрты докладтæм.

Æвзонг адæймæгтæ бацæттæ кодтой æмæ æруынаффæ кодтой иумиаг проекттыл. Уагъд сын æрцыдысты мастер-класстæ. Бадзырдтой дарддæры æмгуыстады тыххæй. Форумы кæрон организаци æрцыд культурон программæ, уазджытæн сарæзтой экскурси, Хуссар Ирыстоны фенддаг бынæттæм сæ бакæнгæйæ.

https://new.xurzarin.ru/jae-kuyst-faecis-duneon-faesivaedon-forum/
Короткая ссылка на новость: http://xipu.ru/~03eJ5