«Фыдыбæстæ, æвзаг, æгъдау æмæ фарн. Худинаджы бæсты - мæлæт!» Ю.С. Гаглойти

Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет
Юго-осетинский государственный университет им. А.А. Тибилова
South Ossetian State University named after A.A. Tibilov

02.10.2022

Лæвар чингуытæ — университетæн

Чиныг йæ фæзындæй фæстæмæ адæймагадæн у лæггадгæнæг у, рухс цардмæ фæндагсгарæг, зонындзинæдты суадон. Уый афтæ куы нæ уаид, уæд адæм библиотекæтæм фæндаг ариккой.

Æрæджы Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты биб-лиотекæйæн Хуссар Ирыстоны «Россотрудничество»-йы минæварад Сергей Скворцовы къухдариуæгадæй балæвар кодта ахуыргæнæн чингуытæ. Ацы хæрзиуæгон хъуыддагыл стыр æхсызгонæй сæмбæлдысты куыд университеты ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ, афтæ библиотекæйы кусджытæ дæр. Чингуытæ сты хъæуæг ног  æмæ сæ бынат ссардзысты библиотекæйы чингуыты æхсæн тæрхджытыл.

Университеты библиотекæйы сæргълæууæг Цхуырбаты Фатимæ нын куыд радзырдта, афтæмæй библиотекæйы фонд фæфылдæр дыууæсæдæйæ фылдæры бæрц ахуыргæнæн чингуытæй æмæ сæ ныридæгæн райдыдтой пайда кæнын студенттæ. «Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон программæ «Развитие образования»-йы фæлгæтты «Россотрудничество»-йы къухдариуæгад нæ университетæн дæр сентябры райдианы æххуысы хуызы балæвар кодтой ахуыргæнæн чингуытæ. Ацы лæвар сæрмагондæй райстой нæ университеты уырыссаг æвзаг æмæ лите-ратурæйы кафедрæ æмæ дзы иу хай радтой библиотекæмæ дæр. Уыдон фылдæр сты нырыккон уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы чингуытæ. Зæгъæм, уыдоны ‘хсæн ис ахæмтæ: «История русской литературы XIII века», «Русский язык. Морфология» æмæ æндæр ахæмтæ. Нæ студенттæ-иу сæ арæх æрцагуырдтой ахуыры рæстæджы æмæ сын ныр уыдзæнис, цæмæй пайда кæной, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, нырма нæ библиотекæ бирæ ахуыргæнæн чингуытæй у цух, 2008-æм азы нын дзы бирæ ныппаплой æмæ басыгъд, æмæ ныр архайæм ууыл, цæмæй библиотекæйы фонд баххæст кæнæм хъæуæг чингуытæй. Æмæ стыр бузныг стæм нæ ацы лæварæй дæр. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ нын «Россотрудничество» арæх кæй баххуыс кæнынц ахуыргæнæн æмæ аивадон литературæйæ. Ацы уырыссаг организаци ма нын баныфсæвæрдтой нæ библиотекæйæн та нын æндæр ахуыргæнæн чингуытæ дæр кæй балæвар кæндзысты, уымæй. Уый тыххæй сын зæгъæм стыр бузныджы ныхæстæ», — загъта Цхуырбаты Фатимæ.

Уый ма нын куыд радзырдта, афтæмæй сæм ныридæгæн куыст цæуы, цæмæйдæриддæр университеты библиотекæ ракæной электроны хуызмæ дæр. «Фыццаг рады электроны хуызмæ хъуамæ ракæнæм æнæмæнгхъæуæг ахуыргæнæн литературæ æмæ нæм стæм чи сты, уыцы чингуыты. Уый тыххæй нын балхæдтой специалон сканер æмæ принтер, кæцыты руаджы сæ куыст æххæст кæнынц специалисттæ. Ацы куыст егъау куыст у. Махмæ ис 300 мин чиныджы бæрц æмæ цæмæй уыдон иууылдæр электронон хуызмæ ракæнæм, уымæн рæстæг хъæуы. Нæ электронон библиотекæйы фонд ма æххæст кæнæм, сту-денттæ æмæ нæм ахуыргæнджытæ флэшкæйыл цы чингуытæ æрбахæссынц, уыдонæй дæр», — банысан кодта университеты библиотекæйы сæргълæууæг.

https://new.xurzarin.ru/laevar-chinguytae-universitetaen/
Короткая ссылка на новость: http://xipu.ru/~KJlE6