«Фыдыбæстæ, æвзаг, æгъдау æмæ фарн. Худинаджы бæсты - мæлæт!» Ю.С. Гаглойти

Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет
Юго-осетинский государственный университет им. А.А. Тибилова
South Ossetian State University named after A.A. Tibilov

12.10.2022

ХИПУ-йы истори – чиныджы

Ацы бонты Хуссар Ирыстоны университет банысан кодта  йæ 90 азы юбилей. Уый æрмæст нæ иунæг ахуыргæнæндоны бæрæгбон нæу, фæлæ нæ республикæйы æппæт адæмы бæрæгбон дæр, уымæн æмæ, æвæццæгæн, стæм ахæм бинонтæ разындзæн иу кæнæ йæ цалдæрæй каст чи нæ фесты. Хорз хъуыддаг уыдис, юбилейы агъоммæ университеты историйы тыххæй гуырахстджын чиныг кæй рацыдис, уый. Йæ ном дæр хуыйны «ХИПУ-йы истори». Банысан кæнын хъæуы, чиныг мыхуырмæ кæй бацæттæ чындæуыд 2017 азы, университеты 85 азы бонмæ, фæлæ йын бæрæг аххосæгтæм гæсгæ уæд рауадзын нæ бантыст. Фæлæ уымæй йæ нысаниуæг æмæ ахадындзинад нæ къаддæр кæны. Хъæздыг æрмæджыты бындурыл дзы ирдæй æвдыст æрцыд, цы кадджын фæндагыл рацыд, уый. Æмæ ууыл та уæхскуæзæй бакуыстой филологон зонæдты кандидат, ХИПУ-йы профессор Битарты Зойæ Алыксандры чызг æмæ ХИПУ-йы уырыссаг æвзаджы кафедрæйы доцент Остъаты Розæ Дауыты чызг.

Университеты (раздæры пединституты) байгом кæнын уыд рæстæджы карз домæн. Куыд зонæм, æмæ чиныджы дæр куыд фыстæуы, афтæмæй уыцы азмæ, ома 1932 азмæ Хуссар Ирыстоны, зæгъæн ис, æппæт хъæуты дæр фæзындысты скъолатæ, адæм сæ сывæллæтты æфтыдтой ахуыры фæндагыл æмæ уымæ гæсгæ æййæфтой ахуыргæнджыты кадрты цухдзинад. Стæй æрмæст ахуыргæнджыты кадртæ нæ. Цард цыдис размæ æмæ домдта алы къабазы дæр, ахуырдзинад кæмæ ис, ахæм кадртæ. Æмæ ацы ахсджиаг фарст та бирæбæрцæй æххæст кæнын райдыдта пединститут. Уый, æцæгæйдæр, уыдис æппæтнацион нысаниуæджы стыр культурон революци. Хуссар Ирыстон дыууын азы мидæг ссис ахуыргæнджыты — райдиан кълæсты, астæуккаг æмæ астæуккаг специалон, уæлдæр скъола, иумæйаг ахуырадон уагдæтты егъау къорд кæм райрæзтис, ахæм бæстæ.

Азтæ куыд цыдысты афтæ Хуссар Ирыстоны уæлдæр ахуыргæнæндоны авторитет афтæ сырæз-тис æмæ нæм ахуыр кæнынмæ цыдысты фæсивæд, куыд Тбилисæй æмæ Гуырдзыстоны æндæр горæттæй, афтæ ма Уæрæсе, Украинæ æмæ Советон Цæдисы æндæр бынæттæй.

Институты ректораты æмæ дзæвгар ахуыргæджыты номыл рауагъдонтæй бæстæйы алы къуымтæй æдзухдæр цыдис бузныджы фыстæджытæ. Институты рауагъдонтæй бирæтæ систы сæ хъуыддаджы стыр профессионалтæ. Бирæтæ дзы Уæрæсейы сæйрагдæр уæлдæр ахуыргæнæндæтты райстой доцентты, профессорты нæмттæ. Афтæ ма Уæрæсейы æндæр горæтты, дард фæсарæнты дæр пединституты рауагъдонтæй бирæтæ хорзæхджын æрцыдысты «Азы хуыздæр ахуыргæнæг»-ы, «Сгуыхт ахуыргæнæг»-ы нæмттæй. Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ ацы уæлдæр ахуыргæнæндоны рауагъдонтæй бирæтæ раздæры Советон Цæдисы бæстæйы æрмæст ахуыргæнджытæй нæ басгуыхтысты, фæлæ ма паддзахадон, культурон, социалон-экономикон къабæзты номдзыд кусджытæй дæр.

Цы æгæрон лæггæдтæ бакодта ацы ахуырадон уагдон йæ сырæзтæй абоны онг, уыдон ирдæй æвдыст æрцыдысты ацы чиныджы. Райдианы, хицæн сæргонды бын кæсæг базонгæ уыдзæн йæ бындурæвæрджытæ Тыбылты Алыксандр, Хъоцыты Бидзина æмæ Тедеты Бетъре йæ байгом æмæ йын йæ куыст æрбæстон кæныныл цахæм хъаруджын куыст кодтой, уыдæттыл. Дарддæр куыст цæуы йæ фыццаг разамонджытыл, ахуыргæнджытæ- лектортыл.

Цыдысты азтæ, институты куыст йæ гаччы бадт, фæлæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Уый ссис уæззау фæлварæн ахуыргæнджыты коллективæн æмæ студенттæн дæр. Бирæтæ дзы ацыдысты цыфыддæр знаджы ныхмæ тох кæнынмæ. Уыдонæй бирæтæ та сæ цард радтой райгуырæн бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл.

Уыцы зын азты пединститутæн разамынд лæвæрдта зындгонд ахуыргонд Уанеты Захар. Хæсты æмæ хæсты фæстæ азты институты архайды тыххæй дзырд цæуы сæрмагонд сæры.

Хицæн æмæ хицæн сæргæндты чиныгкæсæг базонгæ уыдзæн уæлдæр ахуыргæнæндоны цы ахуыр-методикон зонад-иртасæн æмæ студентты практикæйы фæдыл цы куыст кæны, уыдæттимæ.

Хуссар Ирыстоны педагогон институт университетмæ рацарæзт куы æрцыдис, уæдæй фæстæмæ зынгæ фæфылдæр сты йæ факультеттæ. Байгом дзы сты, республикæ хъуагдзинад фылдæр цы кадртæй æййафы, ахæмтæ. Чиныджы алы факультеты фæзынды, йæ историйы, чи дзы куыста æмæ дзы абон чи кусы, уыдæттæ æхсызгонæй бакæсдзæн чиныгкæсæг, уæлдайдæр та ацы факультеты æндæр æмæ æндæр азты чи ахуыр кодта, афтæ сæ ныртæккæ дæр чи ахуыр кæны, уыдон.

Университет лæуд у рæзты фæндагыл. Зонадон-ахуырадон ахуырады формæтæ æххæстæй æххæстдæр кæнынц. Мыхуыры рацæуынц университеты зонадон кусджыты монографитæ, зонадон куыстыты æмбырдгæндтæ, уæлæмхас ахуыргæнæн æрмæджытæ. Фæстаг азты бастдзинæдтæ арæзт цæуы Уæрæсейы æндæр æмæ æндæр уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ, зонадон организацитимæ. 2008 азы райст æрцыд Уæрæсейы ректорты цæдисмæ, 2010 азы та ссис  Евроазийы Ассоциацийы уæнг.

Йæ нæуæдзазон историйы нæ университет цы мингай рауагъдонтæ рауагъта, уыдон æрмæст ахуыргæнджытæй нæ куыстой Хуссар Ирыстоны фæлæ сæ бавæрд хастой паддзахадон, культурон, социалон-экономикон æмæ æндæр къабæзты рæзтмæ дæр. Бирæтæн сæ кады ном айхъуыст раздæры Советон Цæдисы æндæр æмæ æндæр рæтты.

Уæззау фæлварæн университеты профессорон-ахуыргæнджыты сконд æмæ студенттæн систы ивгъуыд æнусы 90-æм азтæ дæр. Ахуыргæнджытæй æмæ студенттæй дæр бирæтæ баисты гуырдзыйы агрессийы амæттаг. Уыцы рæстæджы басыгъдис университеты сæйраг корпус, раууатмæ æрцыд йæ материалон техникон базæ дæр, фæлæ дзы ахуыртæ урæд никуы æрцыдысты. Бафæрæзта уыцы уæззау тугкалæн азтæн æмæ ныр ныфсджынæй цæуы размæ, студентты ‘хсæн ахуыр-хъомыладон куыст бæрзонддæр кæнгæйæ. Ныртæккæ нæ университеты банымайæн ис стабилон æгъдауæй рæзгæ уагдоныл. Æрвылаз дæр конд æрцæуы цавæрдæр ног хайад, факультет. Афтæ кæй у, уый адæймаджы тынгдæр бауырны, чиныг къухмæ райсгæйæ æмæ дзы цы æрмæджытæ ис, уыдонимæ базонгæ уæвыны фæстæ.

Чиныг «ХИПУ-йы истори»-йы хорздзинад ма ис уый мидæг æмæ фыст у ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Уыимæ хъæздыг у къамтæй. Ацы уæлдæр ахуыргæнæндоны чи ахуыр кодта æмæ дзы ныртæккæ чи ахуыр кæны, уыдон дзы фендзысты бирæ зонгæ æмæ зынаргъ адæймæгты къамтæ.

Кæронбæттæны бузныг зæгъын æмбæлы чиныджы автортæн сæ зын, фæлæ арфæйаг куысты тыххæй.

https://new.xurzarin.ru/xipu-jy-istori-chinydzhy/
Короткая ссылка на новость: http://xipu.ru/~aQmrs