«Фыдыбæстæ, æвзаг, æгъдау æмæ фарн. Худинаджы бæсты - мæлæт!» Ю.С. Гаглойти

Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет
Юго-осетинский государственный университет им. А.А. Тибилова
South Ossetian State University named after A.A. Tibilov

11.01.2022

ЦÆУТ РАЗМÆ НЫФСДЖЫНÆЙ

Президент Бибылты Анатоли бабæрæг кодта Тыбылты Алыксандры номыл Хуссарирыстойнаг паддзахадон университеты ногазон бæрæгбон.

Уый раарфæ кодта уæлдæр ахуыргæнæндоны студенттæ æмæ профессорон-ахуыргæнджыты скондæн ног 2022 азы цытæн æмæ сын йæ цæст бауарзта амонд, æнæферохгæнгæ эмоцитæ æмæ дарддæры æнтыстытæ.

ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим банысан кодта, зæгъгæ, аивгъуыйгæ аз уыд зын, университет сæмбæлд бирæ проблемæтыл. Уыимæ уый ныфс бавæрдта, æппæт зындзинæдтæ дæр иуварсгонд кæй  æрцыдысты.

«Студентты æппæт коллектив мын мæ зæрдæ рухс кæны. Махмæ æрбацæуы кур-диатджын фæсивæд, университет та сын æххуыс кæны сæ курдиæттæ раргом кæнынæн».  Уымæй уæлдай ма, Тедеты Вадим бузныджы ныхæстæ загъта паддзахады сæргълæууæгæн, кæцы йæ графикмæ гæсгæ ссары рæстæг æмæ æрбацæуы, уæлдæр ахуыргæнæндоны цы мадзæлттæ уагъд æрцæуы, уыдонмæ.

Уый фæстæ студентты раз раныхас кодта Бибылты Анатоли.

«Арфæ уын кæнын Ног аз, Чырыстийы райгуырды æмæ Зæронд нæуæг азы цытæн. Студентон рæстæг у æнæферохгæнгæ рæстæг, ахæм рæстæг, адæймаг йæхицæн куы фæуырнын кæны, алцыдæр йæ бон кæй суыдзæн», — загъта Президент.

«Размæ цæут ныфсджынæй, мацæмæй тæрсут æмæ исут раст уынаффæтæ. Уымæн та хъæуы ахуырад, анализ кæнын. Æмæ уын уæд алцыдæр рауайдзæн! Сымахыл баст у нæ фидæн. Бæрзæндтæм цæуын, кæцытæ сымах сбæрæг кодтат уæхæдæг», — загъта хицауады сæргълæууæг.

https://new.xurzarin.ru/caeut-razmae-nyfsdzhynaej/
Короткая ссылка на новость: http://xipu.ru/~sJCP4