«Фыдыбæстæ, æвзаг, æгъдау æмæ фарн. Худинаджы бæсты - мæлæт!» Ю.С. Гаглойти

Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет
Юго-осетинский государственный университет им. А.А. Тибилова
South Ossetian State University named after A.A. Tibilov

25.01.2022

СФИДАР КОДТОЙ КУЫСТЫ ПЛАН 2022 АЗÆН

Цхинвалы уагъд æрцыд Хуссар Ирыстоны уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты ассоциацийы президиумы рабадт. ХИПУ-йы конференцзалмæ æрбамбырд сты президумы уæнгтæ, ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим, Россотрудничествойы минæварады къухдариуæггæнæг Сергей Скворцов, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы минæварады консулы хайады сæргълæууæджы æххуысгæнæг Андрей Кириков, Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали æмæ æндæр уазджытæ.

Рабадт байгом кодта АПРЯЛ-ы президент, профессор Тедеты Зæлинæ. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй 2021 аз педагогон æмæхсæнадæн уыд юбилейон æмæ иууыл æнтыстджындæр аз. «Абон Ассоциаци у ах-уыргæнджыты, уырыссаг æвзаг уарзджыты сфæлдыстадон æмхæларад. Мах арфæ кæнæм ахуыргæнджытæн сæ активондзинады, профессионалон рæзтмæ тырнындзинады, кæрæдзийæн сæ фæлтæрддзинад амоныны тыххæй.

Рабадты æрбавдыст æрцыд Организацийы куысты план 2022 азæн. АПРЯЛ-ы президент загъта: «Цы фæлтæрддзинад нæм ис, уый æрбаиу кæнгæйæ æмæ  зонадон, культурон-ахуырадон æмæ рухсадон къабæзты ассоциацийы архайды ног здæхтытæ нысан кæнгæйæ, хъусдард здахын 2022 азы АПРЯЛ-ы куысты æппæт здæхтыты тематикон доминантмæ: ХИПУ-йы 90 азы, уырыссаг æвзаджы кафедрæйы 85 азы юбилей, адæмон аивад æмæ Уæрæсейы æнæматериалон культурон бынты аз, кæцы расидт Владимир Путин æмæ Аланийы чырыстондзинад райсыны 1100 азы. Уыдон  сты æппæт сплангонд мадзæлтты сæйрагдæр темæтæ», — загъта Тедеты Залинæ.

Ассоциацийы сæйрагдæр здæхтытæй иу у профессионалон диалогы рæзт, кæрæдзийæн фæлтæрддзинад амоныны фадат. АПРЯЛ дарддæр дæр фæнд кæны æмæхсæнады уæнгты сфæлдыстадон змæлд тыхджындæр кæнын алыгъуызон мадзæлттæм сæ бакæнгæйæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæнд кæнынц лингвокультурологон здæхтмæ цымыдисдзинад сног кæнын. Ассоциацийы президент загъта, зæгъгæ, организаци адарддæр кæндзæн уырыссаг æвзаджы специалистты æмæхсæнадæн ахсджиаг иугæнæг функци æххæст кæнын.

ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим банысан кодта Хуссар Ирыстоны уырыссаг æвзаджы рæзтмæ АПРЯЛ-ы хайбавæрды тыххæй, æмæ бацамыдта, зæгъгæ, уыцы æнтыст у организацийы президенты фæрцы. «ХИПУ-йы  сырæзтысты структурæтæ, кæцытæ популярон кæ-нынц уырыссаг æвзаг, уырыссаг истори æмæ культурæ», — загъта уый. Ректор ма фехъусын кодта, зæгъгæ, ХИПУ-йы байгом уыдзæн чингуыты палатæ: «Уый уыдзæн историон цау — иугонд чингуыты каталог, кæцыты рауагъдæуыд 1989 азы онг æмæ уый фæстæ азты».

Сергей Скворцов банысан кодта хуссарирыстойнаг Ассоциацийы куысты нысаниуæджы тыххæй æмæ равдыста йæ цæттæдзинад дарддæр дæр мадзæлттæ уадзыны фæдыл, бафæндыд æй ног азы Ассоциацийы уæнгтæн æнтыстытæ.

«Русский мир»-ы центры къухдариуæггæнæг Остъаты Джульеттæ фæндон бахаста, цæмæй Ассоциацийы куысты планмæ хаст æрцæуа ХИПУ-йы бындурыл æдзух архайæг семинар уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæн. Афтæ ма загъта йæ фæндон «Индоевропæйаг иртасæнты ирон æвзаджы бынат»-ы фæдыл конференци ауадзыны тыххæй, уымæн æмæ, зæгъ, «мах цæрæм  дыууæ конституцион æвзаг кæм ис, ахæм бæстæйы».

АПРЯЛ-ы фыццаг вице-президент Гасситы Натали банысан кодта: «Ассоциацийы педагогон æхсæнады план у хъæздыг æмæ цымыдисон. Хорз хъуыддаг у уый дæр æмæ мадзæлдты хайад кæй райсынц скъоладзаутæ, студенттæ æмæ ахуыргæнджытæ. Ныфс нæ ис, пандеми нæ кæй нæ бахъыгдардзæн æмæ мах нæ план æххæстæй кæй среализаци кæндзыстæм, уымæй». Ассоциацийы планы пункттæй иу у «Пушкинский бал». Бал ауадзыны хорз традицийæн бындур æрæвæрдта Колыты Аксойы номыл аивæдты паддзахадон лицейы уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæг Плиты Риммæ. Уынаффæйы фæстиуæгæн 2022 азæн ист æрцыд куысты план фæндæттæ æмæ баххæсткæнинæгтимæ.

https://new.xurzarin.ru/sfidar-kodtoj-kuysty-plan-2022-azaen/
Короткая ссылка на новость: http://xipu.ru/~KHIWn