«Фыдыбæстæ, æвзаг, æгъдау æмæ фарн. Худинаджы бæсты - мæлæт!» Ю.С. Гаглойти

Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет
Юго-осетинский государственный университет им. А.А. Тибилова
South Ossetian State University named after A.A. Tibilov

13.12.2021

УÆРÆСЕЙАГ ТЕЛЕАМОНÆГ УАДЗЫ ТРЕНИНГТÆ ХИПУ-ЙЫ

Æхсæнадон царды æппæт къабæзты дæр бирæ ивддзинæдтæ цæуы. Рæстæджы цыдимæ æмдзу кæнын та нæ хæс у. Уыцы ногдзинæдтæ хаст цæуынц нæ республикæйы дзыллон хабархæссæг фæрæзты,   журналистикæимæ йæ цард чи сбаста, уыдоны куыстмæ.

Ныртæккæ журналистикæйы дæсныйад у тынг хъæуæг æмæ журналистикæйы факультет каст чи фæвæййы, уыдонæн куыст ссарыны хъуыддаджы проблемæтæ нæ вæййы. Æгæрыстæмæй ма, дыккаг, æртык-каг курсытæй дæр райдайынц кусын бынæттон информацион фæрæзты.

Арæх ХИПУ-мæ æрхонынц лекцитæ кæсынмæ æмæ мастер-класстæ уадзынмæ Уæрæсейæ æмбæлон специалистты. Ныр дæр университеты фæхуындмæ гæсгæ журналистикæйы факультеты студенттæ æмæ журналистикæйы къабазы специалисттæн мастер-класстæ ауадзынмæ æрцыдис Уæрæсейы Федерацийы журналистты цæдисы уæнг Ирина Бреусова. Телецентр Останкинойы кусæг нæ рес-публикæйы журналисттæн ауадздзæн дæсныйад бæрзонддæр кæныны фæдыл ахуыртæ.

Зындгонд журналисткæ Иринæ Бреусовайы ахуырты архайдзæн 34 адæймаджы, уыдон æхсæн сты куыд журналистикæйы факультеты студенттæ, афтæ ма журналистикæйы специалисттæ дæр.

Ахуыртæ уагъд цæудзысты иу къуыри дæргъы Иринæ Бреусовайы авторон курсмæ гæсгæ «Техника речи»-йы хаххыл. Фыццаг дыууæ бо-ны фæстæ, журналисттæн фидарæй сæ бон у зæгъæн, сæ ахуыртæ кæй сты тынг цымыдисон. Ахуыр  кæндзысты ныхас кæныны æууæлтæ æмæ сусæгдзинæдтæ, телеуынынады равдыстытæ амонджыты, комкоммæ эфиры хи дарыны æгъдауыл, радиойы дикторты та рæсугъд æмæ аив дзурыныл.

2017-2018 азты ма ХИПУ-ы ректор Теде-ты Вадим фæхуыдта телеамонæджы уæлдæр ахуырадон уагдоны студенттæ æмæ ахуыргæнджытæн семинартæ æмæ тренингты къуырион курс ауадзыны тыххæй. Журналисттæ исынц «Раныхасы техникæ»-йы æмæ «Публикон раныхасы дæсныйад»-ы фæдыл зонындзинæдтæ.

«Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты лекциты фыццаг бон равдыста, фæсивæд кæй сты æргом æмæ æнцонæй цæуынц контактмæ, уыдон фæнды райсын позитив æмæ ног зонындзинæдтæ», —  загъта телеамонæг.

Алы рæстæг, алы дугæн дæр йæхи домæнтæ вæййы æмæ сын æнæххæстгæнгæ нæй. Уымæн æмæ абоны дуг у ног информацион технологиты рæстæг æмæ царды уавæртæ дæр бынтон æндæрхуызон сты.

https://new.xurzarin.ru/uaeraesejag-teleamonaeg-uadzy-treningtae-xipu-jy/
Короткая ссылка на новость: http://xipu.ru/~fEnb4