«Фыдыбæстæ, æвзаг, æгъдау æмæ фарн. Худинаджы бæсты - мæлæт!» Ю.С. Гаглойти

Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет
Юго-осетинский государственный университет им. А.А. Тибилова
South Ossetian State University named after A.A. Tibilov

31 Октября 2024

Цæгат Иры «Стыр Ныхас»-ы фæсивæды минæвæрттæ ХИПУ-йы

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетмæ фæуазæг сты Иры «Стыр Ныхас»-ы фæсивæды минæвæрттæ цæгатæй.

Габолаты Индирæ æмæ Фриаты Залинӕ, нæ рагон хæлæрттæ, æрбахуыдтой семæ Багаты Эрикы æмæ Цӕмакаты Мараты.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадимимæ сын рауад хъарм æмæ бæстон ныхас фæсивæды ахуыр-хъомыладон фарстытыл, университеты уæзгæ архайд æмæ хайбавæрдыл æвзæнгтæн уавæртæ аразыныл царды раст фæндаг æмæ фидæны професси равзарыны.  

Цæгат Ирыстоны фæсивæды минæвæрттæ ма хайад райстой университетмæ сæ бацыды рæстæджы цы æхсызгон мадзал цыд, уым. Сæ бацыды рæстæджы университеты къухдариуæгад Тедеты Вадимы сæргълæудæй схорзæхджын кодта Литературон диктанты уæлахиздзау студенттæй цыппар адæймаджы кады нысаны гæххæттытæй æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.  Фысымтæ æмæ уазджытæ зæрдæбын арфæ ракодтой уæлахиздзау фæсивæдæн.

Дарддæр «Стыр Ныхас»-ы минæвæрттæн фенын кодтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты агъуыстыты цы хайæдтæ ис, уыдон. Дзырдæн, цымыдисон ныхас сын рацыд университеты телеуынынад «ЮОГУ ТВ»-йы коллективимæ.
Уæдæ университеты музейон комплексы хатæнты алæмæтон дунейы дæр æхцондзинады æнкъарæнтæ сæ цæстæнгасæй нæ хицæн кодтой. Музейы кусджыты бæстон æмæ уæзбын ныхасмæ хъусгæйæ бон изæрырдæм куыд фæкъул, уый хатгæ дæр нæ фæкодтой се ‘ппæт дæр.

Ноджыдæр уын бузныг, Багаты Эрик,  Цӕмакаты Марат, Габолаты Индирæ æмæ Фриаты Залинӕ.

Нæ архайд Иры хæрзæбонæн у не ‘ппæтæн дæр.

Иумæ нын алцыдæр рауайдзæнис.

Ног фембæлдтæм.
Короткая ссылка на новость: http://xipu.ru/~n6trF