«Фыдыбæстæ, æвзаг, æгъдау æмæ фарн. Худинаджы бæсты - мæлæт!» Ю.С. Гаглойти

Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет
Юго-осетинский государственный университет им. А.А. Тибилова
South Ossetian State University named after A.A. Tibilov

13 Октября 2014

Мысæн изæр «Къостайы цард æмæ сфæлдыстад»-ы фæдыл

Хетæгкаты Къостайы райгуырды 155-азы цытæн университеты конференц-залы уагъд æрцыд мысæн изæр «Къостайы цард æмæ сфæлдыстад»-ы фæдыл. «Стыр у йæ хайбавæрд ирон культурæ æмæ аивады. Нæй Ирыстоны ахæм адæймаг Къостайы ном чи нæ фехъуыста. Уый уыд йæ адæмы бартыл тохгæнæг», - ахæм ныхæстимæ байгом кодта изæр ирон литературæйы историйы кафедрæйы гæс, профессор Плиты Гацыр. Уый æрдзырдта Къостайы уæззау цард æмæ сфæлдыстадыл, куыд зын уавæрты цард поэт. «Къостайæн музей сарæзтам, æмæ йын йæ хæдзар фесæфтам. Чи нæм ‘рцæуы, уый фыццаджыдæр йæ хæдзары ‘рфæрсы», - бафтыдта ма йæ ныхæстæм Гацыр. Дарддæр ныхасы бар радта Ирыстоны фысджыты Цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитонæн. «Нæ литературæйы Къоста у тынг бæрзонддæр хох. Хуыцау иу æнусы радты иу хæрзæххæст адæймаг, махæн радта Къостайы. Къоста куыд равдыста ирон адæмы удыхъæд, уый тыххæй дæм уæд хъуамæ Хуыцауы комы тæф хæццæ кæна. Уый уæлæрвтæй иста уыцы дæсныйад. Къоста уымæй стыр уыд æмæ дзырдта йе ‘фхæрд адæмы номæй. Æмæ йæ адæм дæр уымæн уарзтой. Къостайы кой хъуамæ кæниккам æрмæст йæ юбилейты нæ, фæлæ æрвылбон дæр. Къостайæн мах куы аргъ кæнæм, уæд уымæй скад кæндзыстæм нæхицæн», - йæ раныхасы банысан кодта Хъазиты Мелитон. Фыццæгæм къурсы ирон филологийы факультеты студенттæ Хацырты Альбинæ, Папуашвили Алыксандр, Нарыкъаты Иринæ æмæ Уалыты Дианæ кастысты æмдзæвгæтæ Къостайы цытæн. Æрæмбырдуæвджыты раз раныхас кодта РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик дæр. «Къостамæ хъуамæ бæллæм нæ царды, хъуамæ йæм уæм æввахс. Махæй хорз цардмæ бæллы алчидæр. Фæлæ Къоста йæ уацмыстæ фысгæйæ, никуы хъуыды кодта ууыл. Никуы хъуыды кодта цард æмæ хæдзæрттыл, уый хъуыды кодта йæ адæмыл, сæ сомбоныл. Йæ чысыл чиныг "Ирон фæндыр"-ы уый равдыста йæ адæмы хъизæмар», - бахахх кодта Пухайы фырт. Фыссæг Харебаты Леонид загъта, зæгъгæ, иу ахæм наци дæр нæй æмæ ма цин кæна йæ нацийы йын размæ чи кæны, ууыл. Къостайы ном арвау нæрыдис, мæгуыр адæм кæдфæнды дæр уыдысты йæ фарсмæ. Уый у махæн стыр амонды хабар æмæ Къоста райгуырд Иры зæххыл. Къостайы тыххæй бирæ дзурæн ис. Ирон адæмы Къостайы фæрцы базыдта дуне. «Къостайы фæстæ кæй уынæм, уыдон тынг цъус сты. Къоста махæн сарæзта литературон æвзаг. Мах æвзагæн равзæрстам Къостайы "Ирон фæндыр"-ы бындурыл. Фæлæ ныртæккæ, хъыгагæн, ничиуал дзуры уыцы взагыл. Газет "Хурзæрин" æмæ "Рæстдзинад"-ы йедтæмæ ничиуал пайда кæны Къостайы æвзагæй. Къостайæ бæрзонддæр махмæ ничи ис, æмæ йын ныр не ‘взагæй хынджылæг кæнæм», - загъта РХИ-йы Парламенты Национ политикæ,культурæ, ахуырад, зонад, дин æмæ дзыллон информацийы фæрæзты фæдыл Камитеты сæрдар Гæбæраты Юри. Мадзалы кæрон Плиты Гацыр загъта бузныджы ныхæстæ уазджытæн, æмæ ма загъта, зæгъгæ, Къоста никуы ахуыр кодта иронау, фæлæ уыд тынг курдиатджын. 

Дриаты Лейла 
журналистикæйы факультеты фыццаг курсы студенткæ
Короткая ссылка на новость: http://xipu.ru/~7NhDR